Новости

22.03.2023 Глава РСО-Алания Сергей Меняйло провел аппаратное совещание, в котором приняли участие руководители органов исполнительной власти, представители федеральных территориальных ведомств, главы районов.

С докладом об оперативной обстановке в республике выступил заместитель Председателя Правительства РСО-Алания Ирбек Томаев. По его информации, на участке Военно-Грузинской дороги в Северной Осетии образовалась очередь из 850 единиц автотранспорта.

22.03.2023 Рагӕй-ӕрӕгмӕ цард ӕгъдауӕй фидауы. Ирон адӕм та 'гъдау домдтой ӕппӕт ӕмӕ алкӕмӕй дӕр, суанг ныхасы уаджы ӕмӕ хъӕдрӕбын дӕр. Уымӕ гӕсгӕ кӕстӕр хистӕры раз хъӕрӕй нӕ дзырдта, хистӕр кӕстӕримӕ схуыст ныхас нӕ кодта. Сылгоймаджы хъӕлӕба, хъӕр ныхас та нӕ фӕтчыд — бӕркад сафӕг уыд. ӕмӕ уымӕй алчидӕр йӕхи хъахъхъӕдта. «Мӕ фыдгулы хӕдзарӕй сылгоймаджы хъӕлӕба хъуыса, мӕ фыдгулы сыхы хылгӕнаг сылгоймаг ӕрцӕра.

22.03.2023 Заманхъуйлаг Сатцаты Бускайы кой Ирыстоны чи нӕ фехъуыста, ахӕм, ӕвӕццӕгӕн, зын ссарӕн у. Йӕ цыргъзонд ныхӕстӕ, йӕ хъӕлдзӕг хабӕрттӕ баззадысты ӕмбисондӕн нӕ адӕмӕн. О, фӕлӕ йӕхиуыл цы цаутӕ 'рцыд, уыдон дӕр къаддӕр цымыдисаг не сты. Иу мын дзы ивгъуыд ӕнусы ӕстайӕм азты радзырдта мӕ хорз сыхаг Чеджемты Смайлы. Дзӕнӕты бадӕд, цӕрынхъуагӕй ацыд а дунейӕ, фӕлӕ махӕй нӕ рох кӕны. Хорз фӕд ныууагъта а зӕххыл, зыдта бирӕ хъӕлдзӕг радзырдтӕ, ӕмбисӕндтӕ, диссаджы хабӕрттӕ. Дӕлдӕр газеткӕсӕджы размӕ цы цау хӕссын, уымӕн мӕ сыхаг йӕхӕдӕг уыдис ӕвдисӕн ӕмӕ, зӕгъӕн ис, сӕйраг архайджытӕй иу.

22.03.2023 Ирон фынг у хъомылады скъола, уымӕн ӕмӕ мах фынджы 'гъдӕуттӕ иннӕ адӕмыхӕттыты фынджы 'гъдӕутты хуызӕн не сты. Куывды дӕр ӕмӕ ӕндӕр цины хъуыддаджы дӕр фынгыл бадт фӕнды стыр уӕд, фӕнды гыццыл — йӕ фӕтк ӕмӕ йе 'гъдӕуттӕ сты иу-хуызон. Зӕгъӕм, кӕд амал ӕмӕ гӕнӕн ис, уӕд Хуыцау, зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕм кувгӕйӕ хистӕры 'ргом здӕхт вӕййы хурыскӕсӕнмӕ. Абон дӕр уыцы фӕтк цӕры. Циндзинады фынгтӕ рарӕнхъ кӕнынц ныгуылӕнӕй скӕсӕнырдӕм — фынджы бадты хистӕры 'ргом хъуамӕ уа скӕсӕнмӕ. Уый гӕнӕн куы нӕ уа, уӕд та цӕгатӕй хуссарырдӕм.