Новости

Сылгоймаджы хъӕлӕба — фарнсафӕг

22.03.2023 Рагӕй-ӕрӕгмӕ цард ӕгъдауӕй фидауы. Ирон адӕм та 'гъдау домдтой ӕппӕт ӕмӕ алкӕмӕй дӕр, суанг ныхасы уаджы ӕмӕ хъӕдрӕбын дӕр. Уымӕ гӕсгӕ кӕстӕр хистӕры раз хъӕрӕй нӕ дзырдта, хистӕр кӕстӕримӕ схуыст ныхас нӕ кодта. Сылгоймаджы хъӕлӕба, хъӕр ныхас та нӕ фӕтчыд — бӕркад сафӕг уыд. ӕмӕ уымӕй алчидӕр йӕхи хъахъхъӕдта. «Мӕ фыдгулы хӕдзарӕй сылгоймаджы хъӕлӕба хъуыса, мӕ фыдгулы сыхы хылгӕнаг сылгоймаг ӕрцӕра.

Уӕд уыцы хӕдзары, сыхы фарн нӕй», — дзырдтой-иу хистӕртӕ. Фарн кӕм нӕй, уым та бӕркад дӕр нӕй ӕмӕ цард дӕр. Уый тыххӕй баззад ахӕм таурӕгъ:Иуахӕмы дыууын фондз барӕджы ӕрфистӕг сты иу сидзӕргӕс усы кӕрты. Ус сӕ ӕрбадын кодта фынджы уӕлхъус, ӕрхаста сын нозт, цыхты кӕрстытӕ ӕмӕ сӕм бахатыд:— Чысыл фӕгӕдзӕ кӕнут, ныртӕккӕ уын дзул афыцдзынӕн…Хӕдзары устыты 'рдыгӕй фарс къулмӕ ӕнгом рӕгъ-рӕгъы ӕвӕрд уыдысты ӕртӕ къутуйы. Ус сӕм бацыд ӕмӕ дзы иуы сӕр систа. Уазджытӕ уынынц, къуту йедзаг кӕй у ссадӕй, фӕлӕ уӕддӕр ус афтӕ бакодта:— Уый сын не сфаг уыдзӕн… Уазджытӕм уый диссаг фӕкаст, ӕмӕ сӕ хистӕр усы цурмӕ бацыд. Ус дыккаг къутуйы сӕр систа. Къуту ӕрдӕгмӕ ссадӕй над, фӕлӕ та ус афтӕ бакодта:— Уый дӕр сын не сфаг уыдзӕн…ӕртыккаг къутумӕ ныккасти ус, ӕмӕ ма дзы уыди иу армы дзаг ссад, фӕлӕ бацин кодта:— Уый сын фагӕй ноджы фылдӕр у!Барджыты хистӕр бадис кодта, фӕлӕ ницы сдзырдта. Ус уыцы ссады тӕппӕй иу дзул ракодта, уӕлкъӕй йӕ афыхта ӕмӕ уазджытӕм бадзырдта:— Адих ӕй кӕнут, уӕ нывонд фӕуон, фӕйнӕ къӕбӕры уӕм дзы ӕрхаудзӕн, ӕмӕ уӕ стонг айсӕфдзӕн…Уазджытӕ бавнӕлдтой хӕрынмӕ. Кӕд стонг уыдысты, уӕддӕр иу дӕр йӕ хай нӕ фӕци хӕрд, сӕ бон ӕй нӕ баци, ахӕм бӕркадджын разынд уыцы дзул.ӕрӕджиау уазджыты хистӕр бафарста фысымы:— Бахатыр кӕн, мӕ мады хай, фӕлӕ мын бамбарын кӕн, дзаг къутуйы ссадӕй загътай: «Уый сын не сфаг уыдзӕн», ӕндӕр къутуйӕ: «Уый дӕр сын не сфаг уыдзӕн», ӕртыккаджы ма иу ссады тӕпп уыд, ӕмӕ уымӕй та загътай: «Уый сын фагӕй уӕлдайдӕр у». ӕмӕ раст разындтӕ. Куыдӕй?Ус ахъуыды кодта ӕмӕ афтӕ зӕгъы:— Диссагӕй дзы ницы ис, мӕ хъӕбултӕ. Дзаг къутуйы ссад уӕды хойраг у, чындзӕн йӕ ныхас  артдзӕстӕй кӕртмӕ хъуысын куы райдыдта. Уый ӕбӕркад у… Дыккаг къутуйы ссад та уӕды хойраг у, чындзы ныхас артдзӕстӕй фӕрссагмӕ хъуысын куы райдыдта. Уый дӕр бӕркадджын нӕу… ӕртыккаг къутуйы хойраг та уӕды хойраг у, чындзы хъӕлӕс артдзӕстӕй рӕхысмӕ дӕр куы нӕ хъуыст… Уый цы бӕркад хӕссы, уый та ныр уӕхӕдӕг уӕхиуыл бавзӕрстат. Афтӕ у, мӕ хуртӕ, адӕймаджы фарныл зайы йӕ хойраджы бӕркад дӕр…