Нозт — хӕйрӕджы хойраг
22.03.2023 Заманхъуйлаг Сатцаты Бускайы кой Ирыстоны чи нӕ фехъуыста, ахӕм, ӕвӕццӕгӕн, зын ссарӕн у. Йӕ цыргъзонд ныхӕстӕ, йӕ хъӕлдзӕг хабӕрттӕ баззадысты ӕмбисондӕн нӕ адӕмӕн. О, фӕлӕ йӕхиуыл цы цаутӕ 'рцыд, уыдон дӕр къаддӕр цымыдисаг не сты. Иу мын дзы ивгъуыд ӕнусы ӕстайӕм азты радзырдта мӕ хорз сыхаг Чеджемты Смайлы. Дзӕнӕты бадӕд, цӕрынхъуагӕй ацыд а дунейӕ, фӕлӕ махӕй нӕ рох кӕны. Хорз фӕд ныууагъта а зӕххыл, зыдта бирӕ хъӕлдзӕг радзырдтӕ, ӕмбисӕндтӕ, диссаджы хабӕрттӕ. Дӕлдӕр газеткӕсӕджы размӕ цы цау хӕссын, уымӕн мӕ сыхаг йӕхӕдӕг уыдис ӕвдисӕн ӕмӕ, зӕгъӕн ис, сӕйраг архайджытӕй иу.
Цӕвиттон, Смайлыйӕн йӕ хотӕй иу цардис Кӕсӕг-Балхъары сӕйраг сахар Налцыччы. Мӕ сыхаг сфӕнд кодта йӕ абӕрӕг кӕнын. Куыстӕй улӕфӕн бон райсом раджы абалц кодта Налцыкмӕ. Сбадт Елхоты автобусы ӕмӕ сахатмӕ йӕ фысымтӕм ӕрфистӕг. Куыд нӕ бацин кодтаиккой уазӕгыл хо, сиахс, хӕрӕфырттӕ. Фӕдзырдтой сыхӕгтӕм, уӕдмӕ хо авӕрдта фынгыл ӕртӕ уӕливыхы, физонӕг. Иу ныхасӕй, фӕссихӕрттӕм хорз фӕминас кодта Смайлы йӕ уарзон хӕстӕджыты хӕдзары.
Сӕрдыгон бон афӕдз у, фӕзӕгъынц. Нырма хур арвыл бӕрзонд уыдис, афтӕ Смайлы хӕрзбон загъта йӕ фысымтӕн. Хӕрӕфырттӕ йӕ бахӕццӕ кодтой автобусты станцӕмӕ. Уым ын балхӕдтой Дзӕуджыхъӕумӕ цӕуӕг автобусмӕ билет. Рӕстӕг ма йын уыдис, ӕмӕ йӕхи ӕруагъта уынджы бандоныл, сдымдта тамако.
— Иу заман мӕ цӕст иу фыдцъылыс лӕгыл ӕрхӕцыд, — дзырдта мын Смайлы. — Йӕ уӕлӕ нӕхи ирон дарӕс, сӕрыл — счъил нымӕтхуд. Цӕуылдӕр катайгӕнгӕ сдыууӕрдӕм, йӕхинымӕр цыдӕртӕ хъуыр-хъуыр кодта. Хӕстӕгдӕр мӕм куы 'рбацыд, уӕд ын йӕ ныхӕстӕ мӕ хъус ацахста: «Беслӕныхъӕу уаид, ӕмӕ иронау нӕ дзурынц. Дзӕуджыхъӕу уаид, ӕмӕ дзы никуы уыдтӕн».
— Хорз лӕг, цӕмӕй тыхсыс? — афарста йӕ Смайлы.
Лӕг уыцы ныхасмӕ фестъӕлфыд.
— Дӕ мӕрдтыстӕн, ирон дӕ? — ӕмӕ йӕ иунӕг цӕст Смайлыйы ныццавта.
— Бӕгуыдӕр дӕн ирон, — дзуапп радта уый. — Фӕлӕ ды цӕуылдӕр тыхсыс. Мӕ бон дын истӕмӕй баххуыс кӕнын у?
— Тыхсгӕ та… Кӕм дӕн, уый мын чи нӕ зӕгъа!
— Налцыччы автобусты станцӕйы стӕм, — дзуапп радта Смайлы.
— Уӕ, Хуыцау ма сразы уа Боцынӕй, мӕнӕ мӕ кӕм балӕууын кодта, — йӕ къухтӕ дисгӕнгӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцавта лӕг. — Ныр ма Заманхъулы куыд амалӕй сӕмбӕлон?
— Кӕй Боцыны кой кӕныс? — зонгӕ ном фехъусгӕйӕ бацымыдис Смайлы.
— Уӕлӕ Карсанты уӕгъуырсыдз, елхотаг, — уыдис лӕджы дзуапп. — ӕз та Буска дӕн, Сатцатӕй.
Цы уыдис, уӕддӕр Смайлы Дзӕуджыхъӕумӕ цӕуӕг автобусмӕ Бускайӕн дӕр билет балхӕдта. Сбадтысты фӕрсӕй-фӕрстӕм, куы араст сты, уӕд зӕронд лӕг йӕ хабар ракодта.
…Рагӕй хӕларӕй цардысты елхотаг дзырддзӕугӕ Карсанты Боцын ӕмӕ заманхъуйлаг Сатцаты Буска. Арӕх бӕрӕг кодтой кӕрӕдзийы, иу иннӕйы хӕдзары йӕхи уазӕг нӕ хуыдта. Боцыны бинойнаг Гогыцоны рынчыны хабар фехъусгӕйӕ иу сӕумӕрайсом Буска Елхоты балӕууыд. Сылгоймаг уӕдмӕ фӕсӕрӕндӕр. Дыууӕ хӕлары иумӕ фӕбадтысты, фӕныхӕстӕ кодтой. Фӕйнӕ сыкъайы дӕр куыд нӕ банызтаиккой Гогы-цоны карз арахъхъӕй.
Сихор уыдаид, афтӕ Боцын ахуыдта йӕ хӕлары Елхоты автобусты лӕууӕнмӕ. Сӕ бахӕццӕмӕ иу адӕмласӕн машинӕ ӕрлӕууыд. Фысым Бускайы схизын кодта уырдӕм, чи дзы бадти, уыдон фестадысты ӕмӕ зӕронд лӕгӕн бынат радтой. Боцын дӕр уӕзбын къахдзӕфтӕй йӕ хӕдзармӕ араст. Буска та куыддӕр бандоныл йӕхи ӕруагъта, афтӕ афынӕй — фӕллад ӕмӕ нозт фӕтых сты ацӕргӕ адӕймагыл.
Цӕмӕй зыдта Боцын дӕр, автобус нӕ сыхаг Кӕсӕг-Балхъары Терчы районӕй Налцыкмӕ цӕуы, уый. Афтӕ заманхъуйлаг сӕмбӕлд Кӕсӕг-Балхъары сӕйраг сахары. Уым ӕй автобусы шофыр райхъал кодта, ӕрхӕццӕ стӕм, зӕгъгӕ.
— Уыдон дын, лӕппу, мӕ хабӕрттӕ, — балхынцъ кодта Буска йӕ ныхас, — ацы нозт хӕйрӕджы хойраг у, ӕмӕ дзы хи хъахъхъӕнын хъӕуы. Кӕсыс, уый куынӕ уыдаид, уӕд мӕныл ахӕм цау ӕрцыдаид, ахӕм уылӕнты бахаудтаин! Уӕдӕ Боцын дӕр, ӕвӕццӕгӕн, мӕнӕй бирӕ сӕрӕндӕр нӕ уыд, уый йеддӕмӕ йӕ дыууӕ цӕстӕй куыд нӕ бакаст, автобус кӕдӕм цы-дис, уый. Мӕзджыты Хъуыраныстӕн, ды мӕнӕн Хуыцауӕй ӕрвыст дӕ! Цытӕ кодтаин ӕнӕ дӕу? Бузныг, фӕлӕ ма дын иу хатт фӕдзӕхсын: хъӕбӕр нозтмӕ ӕмхиц цӕугӕ нӕу, уӕлдайдӕр ӕрыгӕттӕн. Уыныс ӕй, куыд рӕдийын кӕны, уый. Фӕсмонгонд ма фӕут.
Елхоты сӕрмӕ стыр хидыл Смайлы автобусӕй хизынмӕ куы хъавыд, уӕд фӕндараст загъта бӕлццӕттӕн, шофырӕн та бафӕдзӕхста, цӕмӕй зӕронд лӕджы Заманхъулы фӕзилӕны раргъӕвтаид.
КЪУБАЛТЫ Солтан,
ССР-ы Цӕдисы ӕмӕ Уӕрӕсейы
журналистты Цӕдисты уӕнг, Цӕгат
Ирыстоны культурӕйы сгуыхт кусӕг.