Японы æгъдæуттæм гæсгæ, не 'мбæлы уазæгуаты бацæуын, раздæр уый тыххæй хæдзары хицæуттæн куы нæ фехъу сын кæнай, уæд. Кæд фысымты бафæнда, цæмæй уазджытæ тагъддæр ацæуой, ахæм заман та уисой фæфæлдахынц, ома йæ пыхцыл дæллаг кæрон ын хæрдмæ авæрынц, æмæ уымæй бæрæг вæййы, кæмæн цы кæнгæ у, уый.
Ногбон æхсæв уæрæсейæгтæм та ахæм æгъдау ис: Ногбон æхсæв чызг йæ дзабыр фехсы дуарæрдæм, æмæ кæд дзабыры фындз уынджырдæм абада, уæд уыцы аз ацæудзæн чындзы, кæд æмæ дзабыры фындз хæдзарырдæм абада, уæд ног аз чындзы цæуынмæ ма 'нхъæлмæ кæсæд.



