Новости

Уыдонмæ та куыд у…

Японы æгъдæуттæм гæсгæ, не 'мбæлы уазæгуаты бацæуын, раздæр уый тыххæй хæдзары хицæуттæн куы нæ фехъу сын кæнай, уæд. Кæд фысымты бафæнда, цæмæй уазджытæ тагъддæр ацæуой, ахæм заман та уисой фæфæлдахынц, ома йæ пыхцыл дæллаг кæрон ын хæрдмæ авæрынц, æмæ уымæй бæрæг вæййы, кæмæн цы кæнгæ у, уый.

Ногбон æхсæв уæрæсейæгтæм та ахæм æгъдау ис: Ногбон æхсæв чызг йæ дзабыр фехсы дуарæрдæм, æмæ кæд дзабыры фындз уынджырдæм абада, уæд уыцы аз ацæудзæн чындзы, кæд æмæ дзабыры фындз хæдзарырдæм абада, уæд ног аз чындзы цæуынмæ ма 'нхъæлмæ кæсæд.block gnoms

 

Англисæгтæм тæккæ хуыздæр лæварыл нымад у, ног азы фыццаг минутыл йæ хæдзармæ, сау сæрыхъуынтæ кæмæн уа, ахæм нæлгоймаг æвзалыйы къæртт æмæ зайæгой омелæйы къалиуимæ куы бацæуа, уый. Фыццаг лæвар вæййы традицион англисаг пецæн, дыккагæн та ис бирæ цæрыны нысан.

Ногбоны хæдразмæ Кубæйы цæрджытæ сыгъдæг донæй байдзаг кæнынц агтæ, бедратæ, къустæ, стæй сæ фæсæмбисæхсæв рудзынгæй асæххæтт кæнынц уынгмæ. Уадз æмæ, дам, ног азы нæ фæндæгтæ уой ацы рæсугъд донау сыгъдæг.

Шотландийы æмбисæхсæв æппæт нæлгоймæгтæ дæр ацæуынц сыхæгтæм, цæмæй фыццагдæр слæууой сæ къæсæрыл. Сæ бæсты афтæ сылгоймаг куы бакæна, уæд, дам, уый амоны, æмæ бинонты цард ног азы дзæбæх нæ уыдзæн. Афтæ фæдзурынц бурдзалыгты тыххæй дæр. Саухил нæлгоймаг та сын кæддæриддæр вæййы зæрдæйы фæндиаг уазæг æмæ фарнхæссæг.

Голландийы та Ног аз бæрæг кæнынц афтæ: Митын Дада сæм æрбацæуы науы бадгæйæ. Йæ размæ былгæронмæ хъазгæ, худгæ рацæуынц сабитæ, æмæ сын Митын Дада, арфæтæ кæнгæйæ, байуары дыргътæ, хъазæнтæ, адджинæгтæ æмæ алыхуызон лæвæрттæ.