Новости

IMG 20180320 WA0039Æрвылаз районы ацæуы конкурс «Ирон аив дзырды дæсны». Ацы хатт арæзт æрцыд 8-11 кълæсты ахуырдзауты 'хсæн. Архайдтой дзы æппæт скъолаты минæвæрттæ. Разныхасæй йæ байгом кодта Елхоты фыццæгæм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гæззаты Ритæ:

— Уе 'ппæты дæр абоны бæрæгбоны хорзæх уæд! Абон ам сты, ирон æвзаг чи уарзы, чи йыл тыхсы, уыдон.

IMG 20180309 WA0002Хъæлдзæг изæр арæзт æрцыд Ираны хъæуы культурæйы Хæдзары сылгоймæгты Æппæтдунеон боны фæдыл.

Бæрæгбон байгом кодта хъæуы сæргълæууæг Фидараты Тотырбег:

— Сылгоймаг у мад, хо, хæдзары 'фсин, къонайы фарн, цард æмæ амонддæттæг, хъомылгæнæг.

SDC14713Ираны хъæу у нæ районы цæрæн уæттæн сæ тæккæ æрыгондæр — фарон ыл сæххæст 90 азы. Афæдз кæстæр дзы у ацы хъæуы цæрæг, хистæрæй-кæстæрæй Бабу кæй хонынц, уыцы Мæргъиты Надеждæ Георгийы чызг…

Нæртон куывд уыдис уыцы бон Мæргъиты хæдзары. Сæ уарзон Мад, Фыдымад, хъæуы Бабуйы сбуц кæнынмæ æрæмбырд сты йæ бирæ хæстæджытæ æмæ хъæуккæгтæ.

Ахæм аз нæма уыди, цæмæй нæ хæдзарвæндаг районы газет «Размæ» ма иса. Хъуыды ма кæнын, Елхоты консервгæнæн заводы кусгæйæ-иу, газеты нæ коллективы хорз хабæртты тыххæй фыст куы уыди, уæд-иу æй куыд цингæнгæйæ кастыстæм, уый. Зæгъæн ис, æмæ нæ уыцы уацхъуыдтæ разæнгард кодтой ноджы бæрзонддæр фæллойадон æнтыстдзинæдтæм.