Новости

Сбæрæг сты уæлахиздзаутæ

IMG 20180320 WA0039Æрвылаз районы ацæуы конкурс «Ирон аив дзырды дæсны». Ацы хатт арæзт æрцыд 8-11 кълæсты ахуырдзауты 'хсæн. Архайдтой дзы æппæт скъолаты минæвæрттæ. Разныхасæй йæ байгом кодта Елхоты фыццæгæм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гæззаты Ритæ:

— Уе 'ппæты дæр абоны бæрæгбоны хорзæх уæд! Абон ам сты, ирон æвзаг чи уарзы, чи йыл тыхсы, уыдон.

Байхъусдзыстæм та ирон алæмæты ныхасмæ. Конкурсы цы сывæллæттæ архайынц, уыдонæй алкæмæндæр мæ зæрдæ зæгъы уæлахиз!

Архайджытæ иу иннæйы фæдыл сæ дæсныйад нæ зындгонд ирон фысджыты уацмыстæ аив кæсынæй хастой жюрийы уæнгты размæ. Кастысты æмдзæвгæтæ, уацмыстæй скъуыддзæгтæ, кæцытæ æвдисынц Ирыстоны цардарæзт, ирон æвзаг, фарн, кад, æгъдау, уыимæ ма мадæлтыл, нæ фыдæлты зæххыл, нæ алæмæты хæхтыл. Ноджы сæ æххæст кæнын хъуыдис фæткæвæрды домæнтæ.

Сæ арæхстдзинадæн сын аргъ кодтой жюрийы уæнгтæ: районы ахуырады хайады кусджытæ Хъуылымбегты Альбинæ, Зорттаты Светланæ, Жаннæ Майсурадзе, сæ сæргъы Гаджиты Фатимæ, афтæмæй.

Зæгъæн ис, ахуырдзаутæ иууылдæр сæхи бæстон бацæттæ кодтой. Алчидæр сæ тынг зæрдиагæй дзырдта, фæлæ Хъахъхъæдуры астæуккаг скъолайы 9-æм къласы ахуырдзау Тъехты Элинæ Галуанты Людмилæйы «Ирон чызджы монолог»-æй скъуыддзаг куы каст, уæд зæрдæйы дадзинтæ агайдта. Куыд ис авторы ныхæстæм: «Нæ фидæны тыххæй уадз басудзон арты, — æрмæст-иу мыл хъарæг иронау кæнут!..» æнæ æнкъарæнтæй хъусын?!

Элинæйæ фæстæдæр не 'рлæууыд Елхоты фыццæгæм астæуккаг скъолайы иуæндæсæмкъласон Захарты Аслан. Дыууæйæ дæр мадзалы кæронбæттæны жюрийы уæнгты бæрæггæнæнтæ бахыгъды фæстæ нымад æрцыдысты уæлахиздзаутыл æмæ архайдзысты республикæйы конкурсы.

Фыццаг бынат бацахста Дзебойты Элинæ — Елхоты 2-æм скъола; дыккаг — Сæлбиты Зæринæ — Змейкæйы 2-æм скъола; æртыккаг бынат лæвæрд æрцыд Дзгойты Аринæйæн — Елхоты 3-æм скъола.

Уæлдæр кæй ранымадтам, уыдон, стæй ма конкурсы активондæр архайджытæ — Гæззаты Амандæ (Змейкæйы 1-æм скъола), Дзиуаты Зæринæ (Кæрдзыны скъола), Бахъаты Миланæ (Елхоты 1-æм скъола), Бæройты Алан (Елхоты 2-æм скъола), Хацырты Амандæ (Комсомольскы скъола), Цогойты Мæдинæ (Ставд-Дурты скъола) — хорзæхгонд æрцыдысты Кады гæххæттытæй æмæ чингуытæй.

Рæзгæ фæлтæры 'хсæн ахæм конкурстæ стыр ахъаз сты нæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæнынæн. Цалынмæ нæм иронау аив чи дзуры, ахæм кæстæртæ уа, уæдмæ тас нæу нæ фыдæлты, нæ цытджын Къостайы æвзаг фесæфынæн. Уыдзæн арф æвæрд нæ зæрдæты.


 

Тылаттаты Светланæ.

Къам систа ДЗИУАТЫ Анжелæ.