Новости

Бæрæгбон Мæргъиты хæдзары

SDC14713Ираны хъæу у нæ районы цæрæн уæттæн сæ тæккæ æрыгондæр — фарон ыл сæххæст 90 азы. Афæдз кæстæр дзы у ацы хъæуы цæрæг, хистæрæй-кæстæрæй Бабу кæй хонынц, уыцы Мæргъиты Надеждæ Георгийы чызг…

Нæртон куывд уыдис уыцы бон Мæргъиты хæдзары. Сæ уарзон Мад, Фыдымад, хъæуы Бабуйы сбуц кæнынмæ æрæмбырд сты йæ бирæ хæстæджытæ æмæ хъæуккæгтæ.

Йæхæдæг Надеждæ фынджы сæр куы рабадт, йæ кæстæртæ йæ дæлейы, уæд ма уымæй аивдæр цы уыдис. Ноджы ма иу хъуыддаг: сылгоймæгтæ бадтысты хицæнæй, нæлгоймæгтæ — хицæнæй.

Мæргъиты бæрæгбонмæ сæмбæлдысты кадджын уазджытæ: районы ветеранты уынаффæдоны сæрдар Басаты Светланæ, районы Æхсæнадон уынаффæдоны сæрдар, ацы хъæуккаг Джыбылаты Тарзан, Ираны хъæуы сæргълæууæг Фидараты Тотырбег.

Нæ фыдæлтæ Хуыцау æмæ Хурмæ куывтой. Хурæнгæс Бабуйæн уыцы бон адæм куырдтой Бæстыбардуагæй æнæниздзинад, цардамонд, æгъдауджын æмæ куыстуарзаг кæстæртæ.

— Нымад дæ, Бабу, канд Ираны хъæуы нæ, фæлæ нæ районы дæр, — загъта Джыбылаты Тарзан, юбилярæн Кировы районы разамынды номæй Кады гæххæтт дæтгæйæ. — Рох не сты дæ бирæ фыдæбæттæ, куыд хæсты хъæбул, стæй та колхозон куыстады.

— Хистæр фæлтæртæ царды сыгъзæрин æвæрæн сты, — загъта Басаты Светланæ. — Уæ æгъдау æмæ æфсарм, уæ кад æмæ намысæй æнæвгъау хай кæнут кæстæртæн, æмæ уын стыр бузныг уый тыххæй!

Светланæ Бабуйæн цы лæвар ракодта, уый кæд зынаргъ нæу, уæддæр у сыгъдæг зæрдæйæ, куыд фæзæгъынц, лæвар афтæ кадджын нæу, æрхъуыды цас у.

Иу хорздзинад ма. Куывды парахатæй хъуысыд сыгъдæг ирон ныхас. Ахæм иузæрдионтæ Ирыстоны фылдæр куы уа, уæд не 'взагæн фесæфæн нæй.


 

КЪУБАЛТЫ Солтан.

Къам систа КЪУБАЛТЫ Аркади.