Цымыдисаг газет у
Ахæм аз нæма уыди, цæмæй нæ хæдзарвæндаг районы газет «Размæ» ма иса. Хъуыды ма кæнын, Елхоты консервгæнæн заводы кусгæйæ-иу, газеты нæ коллективы хорз хабæртты тыххæй фыст куы уыди, уæд-иу æй куыд цингæнгæйæ кастыстæм, уый. Зæгъæн ис, æмæ нæ уыцы уацхъуыдтæ разæнгард кодтой ноджы бæрзонддæр фæллойадон æнтыстдзинæдтæм.
Пенсийы уæвгæйæ адæймагæн фылдæр рæстæг ис йæхиуыл кусынæн. Бауырнæд уæ, «Размæ»-йы радон номырмæ фенхъæлмæ кæсын, сывæллон йæ сывæдæгмæ куыд æнхъæлмæ кæсы, раст афтæ. Цы бонты нæ рацæуы, уæд та райсын раздæры газеттæ, уымæн æмæ мын æвæрд вæййынц, æмæ сæ кæрæй-кæронмæ ногæй бакæсын.
Тынг алыхуызон цымыдисаг æрмæджытæ дзы вæййы куыд хистæр кары адæмæн, афтæ фæсивæд æмæ скъоладзаутæн. Уæдæ районы цы цаутæ, цы ивддзинæдтæ цæуы, куыд рæзы, уыдон хъуамæ ма зонай? Сæ фыдæбон бирæ у редакцийы кусджытæн, æмæ сын мах, газеткæсджытæ, уымæн аккаг аргъ скæныны охыл хъуамæ сæ фарсмæ æрбалæууæм. Кæд сын нæ бон æппын ницæмæй у баххуыс кæнын, уæддæр нæ хæс у нæхи уарзон газет фæцудын нæ бауадзын.
Ивгъуыд азимæ абаргæйæ газеты тираж кæй фæкъаддæр ис, уый дæр мын тынг хъыг у. Йæ рафыссыны рæстæг æрбахæццæ кæны, зæгъгæ, уæд нын дзурын цæмæн хъæуы йæ рафыссыны тыххæй? Газеты фыццаг фарсыл вæййы хъусынгæнинаг, æмæ кæд дæхицæн дæ бон цæуын нæу, уæд постхæссæгæн зæгъ, æмæ дын æй рафысдзæн. О, зонын æй, бирæтæ цыбыркъух сты, фæлæ æхсæз мæйы дæргъы газетæн уыцы æхцатæ куы схардз кæнæм, уæд нæ фæмæгуырдæр уыдзыстæм. Нæ зонын, чи куыд хъуыды кæны, уый, фæлæ та йæ афæдзы дыккаг æмбисæн нæ бинонтæн æнæ рафысгæ нæй.
БАГАТЫ Русо,
Елхот.