Новости

Дæ фарн бирæ, Сылгоймаг!

20180308 181523Ставд-Дурты астæуккаг скъолайы сбæрæг кодтой уалдзæджы æппæты рæсугъддæр бæрæгбон — Сылгоймæгты æппæтдунеон бон.

Скъоладзаутæ азарыдысты, акафыдысты, радзырдтой æмдзæвгæтæ, бацæттæ кодтой алыхуызон цымыдисаг конкурстæ, кæцыты архайдтой ныййарджытæ дæр. Конкурсты уæлахиздзаутæ хорзæхджынгонд æрцыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæй.

Рагæй-æрæгмæ дæр ирон адæммæ сылгоймагæн ис уæлдай кад, уымæн æмæ хæдзары фарн сылгоймагыл баст у, фæзæгъынц. Сæйрагдæр, сылгоймаг у ныййарæг мад, кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн та йæ фæлмæн зæрдæ абарæн ницæимæ ис.

Мадзал бацæттæ кодта райдиан кълæсты ахуыргæнæг Уаниты Фатимæ.

 


Гæгкуыты Зæлинæ,

Ставд-Дурты астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг.