Цæр нын бирæ, Нана!
Хæдзары дзаг бинонтæ искуыдæр ма æвзæр уыдысты! Иу дзы иу куыстыл хæст вæййы, иннæ — æндæрыл. Иумæ та мыдыбындзытау бæркад хæссынц хæдзармæ. Фæлæ мыдычыргъæды Мад куы нæ уа, уæд бæркад бынатыл не 'мбæлы.
Æнувыд сты сæ нана Моргуаты Чабæханыл йæ хæдзарвæндаг. Æмæ куыннæ! Цотæн — зондамонæг мад, уыдоны цотæн — уарзæгой, хæларзæрдæ æмæ æнувыд нана. Кæрдзыны хъæуы йæ хæдзар мыдыкъусау у цин æмæ уарзтæй дзаг. Адджынæй цæрынц кæрæдзиимæ цыппар фæлтæры. Сæ ирондзинады æнхъизæн — Есенаты Дзбæиры чызг Чабæхан. Моргуаты кæртмæ куы æркуывта, ууыл рацыд æртиссæдз азæй фылдæр. Бирæ тухитæ бавзæрста хæсты рæстæг æмæ уый фæстæ азты. Уæхскуæзæй фæкуыста колхозы, стæй та совхозы. Схъомыл кодта хорз цот.
Йæ нæуæдз азы сæрты акастис Чабæхан. Уыцы кадджын юбилей сбæрæг кæнынмæ æрбацыдысты Моргуаты кæртмæ районы ветеранты уынаффæдоны сæрдар Басаты Светланæ, Кировы районы цæрджыты социалон æххуысы комплексон центры хайады разамонæг Къубалты Мæдинæ, социалон куысты специалист Хæмæтхъуаты Зæринæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хæстæджытæ æмæ сыхæгтæ. Стыр æхсызгонæй сæмбæлдис Чабæхан Уæрæсейы Президент Владимир Путины æмæ районы Администрацийы Сæргълæууæг Батиаты Хъазыбеджы арфæйы писмотыл. Бузныг сын загъта, уыимæ ветеранты уынаффæдонæн, хистæр фæлтæры минæвæрттыл афтæ æнувыд кæй сты, уый тыххæй.
— Хуыцауы хорз салам уыл сæмбæлæд, — загъта Чабæхан. — Раст цыма мæ азты уæз фæрогдæр, мæ бирæ тухитæ та кæмдæр фæстейы аззадысты, афтæ мæм кæсы абон. Алчидæр уæ мæнау йæ кæстæрты хорздзинæдтæй хайджын уæд, сæ зындзинад та сын макуы фенут!
НÆ УАЦХÆССÆГ.
Къам систа КЪУБАЛТЫ Мæдинæ.