Новости

Тæхынц, згъорынц сыгъзæрин азтæ

IMG 4274Ацы зарæджы ныхæстæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты, мæ уацхъуыды хъайтар Дзукъаты Сасинкъайы куы бабæрæг кодтон, уæд. Кæддæры куыстуарзаг, йæ фæллойадон фæндаг хæрз æрыгонæй чи райдыдта, уыцы сылгоймаг «йæ къамтæ æрæвæрдта» — æрлæмæгъ, æруатон. Йæхи æвзæр кæй æнкъардта, уымæ гæсгæ мын йæ цардвæндаджы хабæртты тыххæй фæдзырдта йæ хо Багаты-Дзукъаты Русо. Æмæ кæд мæ сæйрагдæр цыды сæр уыдис Сасинкъа, уæддæр нæ ныхас рауад ноджы арфдæр æмæ уæрæхдæр.

 

Сасинкъа райгуырд 1933 азы Гуырдзыстоны Ахалсопелийы хъæуы. Фыд амард раджы, æмæ фондз æнахъом сабийы баззадысты сæ рынчын мады æвджид. Рæзыдысты, кæм — фырæфсæст, кæм — æххормагæй. 1946 азы цардагур рафтыдысты Назраны районмæ, Плиты хъæумæ. Ам чызджытæй иу фæзиан, æмæ уыцы хъысмæты къæрцц мадæн йе 'нæниздзинад тынгдæр фæцудын кодта. Цæмæй йын йæ къух фæрогдæр кæна, уый тыххæй цыппæрдæсаздзыдæй Сасинкъа бацыди колхозон фермæмæ хъугдуцæгæй. Дис кодтой иууылдæр, ахæм æвзонг чызг куыд арæхсы фосимæ архайынмæ, ууыл. Зивæг цы у, уый нæ зыдта. Мæнæ куыд зæгъы уый фæдыл сæ сыхаг Плиты-Къæбулты Аня:

— Уыцы рæстæг фермæйы иумæ куыстам, æмæ тынг сæрæн уыд. Нæ хъомгæстæ ас кары адæм уыдысты, æмæ-иу изæрæй фæлладæй куы 'рцыдысты, уæд сын хи чызджы лæггад кодта, суанг ма сын-иу сæ къахыдарæс дæр цæхсадта. Гъе ахæм Сасинкъа уыдис, фæлæ йыл азтæ æрынцадысты, æмæ ныр йæхæдæг кæсинаг у. Бузныг йæ хо Багаты-Дзукъаты Русо æмæ йæ бинонтæн, тынг буц æй дарынц.

1957 азы Дзукъатæ Плиты хъæуæй ралыгъдысты Елхотмæ. Ам дæр та Сасинкъа бацыд колхозы фермæмæ хъугдуцæгæй. Фæлтæрддзинад æм уыдис æмæ æвдыста хорз æнтыстдзинæдтæ. Аргъ ын кодтой æмбæлттæ, хæдзарады разамынд. Сæрдарæй дзы куыста Дзугаты Дзибудта. Бæргæ сыл стырзæрдæ не суыдаид, фæлæ йæ хо Русо 1959 азы скъола каст куы фæци, уæд кусын райдыдта Елхоты консервгæнæн заводы. Æхсæвы радмæ кæимæ цыдаид, уый нæ уыди, æмæ Сасинкъайы «расайдта» заводмæ. Уый уыд 1962 азы.

— Плиты хъæуы куы 'рцардыстæм, — дзырдта Русо, — уæд адæмæн сæ цæхæрадæттæ сагъд уыдысты, æмæ нæ мад мæт кодта, фæззæджы 'рцыдмæ цæмæй аирвæздзыстæм, ууыл. Фæлæ нын ахæм дзæбæх дыгурон сыхæгтæ уыдис, æмæ нæ тынг рæвдыдтой, сæ арм ныл дардтой: чи нын цы хаста, чи — цы. Сæ хорздзинад абон дæр мæ зæрдыл дарын. Нæ хотæй иу уым амард, æмæ нæ мады йæ хъыджы иунæгæй нæ ныууагътой. Сабыргай нæхиуыл схæцыдыстæм. Мад кæд нæфæразгæ хаста, уæддæр тынг кусаг уыд.

Æз, куыд цоты кæстæр, цыдтæн скъоламæ. Уæд тыхахуыртæ кодтой. Ахуыргæнæн чингуытæ дæр мын нæ уыдис. Хъуыды ма кæнын: зæххыл-иу сбадтæн æмæ-иу искæйы чингуытæй мæ урочытæ сахуыр кодтон. Хатгай-иу бызгъуыртæ исæг уынгты куы разылд, уæд-иу æйчытæ баивтам ручкæтыл.

Кæд Гуырдзыстоны райгуырдтæн, уæддæр Елхот нымайын мæ райгуырæн хъæуыл, зынаргъ мын у. Заводы куысты азтæ дæр арæх æрымысын. Æнувыд уыдыстæм кæрæдзиуыл. Уæды директор Гегаты Барис архайдта, цæмæй фæсивæд рæзой, æмæ нæ иу къордæй арвыста ахуыр кæнынмæ Армавиры технологон техникуммæ. Куы сыздæхтæн, уæд райдыдтон кассирæй кусын, стæй та бухгалтерæй.

Исчи афтæ куы банхъæла, йæ хойæ æппæлы, алкæмæн дæр йæ мады зæнæг адджын у, зæгъгæ, фæлæ уæ бауырнæд, хисайæн куыстытæ никуы никæм бакодта. Цалынмæ 1994 азы пенсийы рацыди, уæдмæ заводы дæр уыдис социалистон ерысонты раззагдæрты рæнхъы. Йæ къам бирæ рæстæджы дæргъы фæцис Дзæуджыхъæуы Къостайы номыл парчы Кады фæйнæгыл. Хорзæхджын æрцыдис грамотæтæй, майдан «Фæллойы ветаран»-æй.

Йæ цард, йе 'рыгон бонтæ Дзукъаты Сасинкъа снывонд кодта йæ рынчын ныййарæгæн, хионтæн æмæ йæ амонд дæр не ссардта. Мад 1992 азы амард, стæй та йе 'фсымæр æмæ йæ чындз, хæдзары баззадис иунæгæй. Куы æррынчын, уæд йæ хойы йæхимæ ракодта Русо, æмæ ныр æртæ азы дæргъы ис йæ хойы хæдзары.

— Дыууæйæ дæр фыццæгæм къæпхæны инвалидтæ стæм, — кодта дарддæр йæ ныхас Русо, — мæнæн мæхицæн дæр уыйас мæ бон ницыуал у, фæлæ мын ахæм диссаджы хорз чындз ис — мæ фырт Артуры бинойнаг, Дзæрæхохты Русланы чызг Алинæ, æмæ йæ куыд зæгъон, нæ зонын. Йæ аккаг ныхæстæ не ссардзынæн. Æз æм чындзы нæ, фæлæ хъæбулы зæрдæ дарын. Уымæн æмæ ныл хи хъæбулау узæлы. Цалынмæ нын райсомæй бахæрын кæна, уæдмæ йæ куыстмæ — Ехоты бирæвæрсыг колледжмæ — нæ ацæуы. Уæдæ хæдзары дæр цас змæлд ис, æмæ хатгай айрæджы кæны. Уый тыххæй бузныг дæн колледжы разамонджытæй, æгайтма йын æмбарынц йæ уавæр.

Изæрæй куы 'рбацæуы, уæддæр йæ фыццаг фарст вæййы: «Куыд стут?». Йæ фæллад дæр не суадзы, афтæ та райдайы хæдзары змæлдтытæ кæнын. Уæлдай арфæйаг дзы дæн, мæ цардæфхæрд хомæ мын дзæбæх кæй кæсы, лæггад ын кæй кæны. Йæ дзаумæттæ, йæ хуыссæнтæ — хæрзæхсад, хæрзаив. Æрмæст йæ фæлмæн ныхас, уарзæгой цæстæнгас дæр бирæйы аргъ сты. Чындзытæ кæмæн нæма ис, уыдон афтæ фæзæгъынц: «Хуыцау нын-иу æй   Алинæйы хуызæн чындз фæкæнæд». Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ, мæнæн дæр æхсызгон куыд нæ вæййы!

Мæхи цоты кой нæ кæнын, уыдон дæр тынг бирæ уарзынц Сасинкъайы, фæлæ йыл Артур æмæ Алинæйы æртæ фырты — Азæмæт, Ацæмæз, нæ гыццыл хур Астемыр — æрхъæцмæ нæ хъæцынц. Искуы-иу хатт æнæбары мæ ныхас хъæрæй куы рауайы, уæд сæ хистæр афтæ бакæны: «Бабу, ма йыл хъæр кæн, рынчын у». Уыдон æм сæ мады ахастдзинад куы нæ 'нкъариккой, уæд æндæрхуызон хъуыды кæниккой.

Хæдзары куынæ уон, æмæ нæм уазæгуаты ссæдз адæймаджы дæр куы фæзына, уæддæр сын балæггад кæндзæн, барæвдаудзæн сæ мæхицæй хуыздæр.  

…Гъе афтæ иу цыдæн «æрцахстон æртæ саджы» — радзырдтон иу бинонты æртæ сылгоймаджы тыххæй, кæцытæ бирæ цæмæйдæрты сты бафæзминаг. Æнæниз уæнт, сæ кæстæрты рухсæй — æфсæст!   Бинонтæм уæздан, æмбаргæ, хиуылхæцгæ, фарн сæм чи бахæсса, хистæртæн кад чи кæна, ахæм сылыстæг куы бакъахдзæф кæна, уæд сæхи амондджыныл нымайæнт.


ТЫЛАТТАТЫ Светланæ.

Къам систа СУГЪАРАТЫ Е.