Новости

Ивддзинæдтæ цæуынц хуыздæрæрдæм

Уарзæм газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Размæ». Зæрдиагæй дзы бакæсæм бирæ хабæрттæ ивгъуыд æмæ абоны царды тыххæй. Мах нæхæдæг стæм хæсты сывæллæтты минæвæрттæ, уымæ гæсгæ нæ фæнды нæ хъæу Комсомольскы тыххæй радзурын.

Кæд ам нæ райгуырдыстæм, æрцардыстæм дзы 1957-1958 азты, уæддæр нын у тынг зынаргъ. Уыдаид дзы 50-60 хæдзары. Цыппаркъласон скъола æрæнцадис кæйдæр хæдзары, амбулатори дæр — афтæ. Нырма дзы электрон рухсæн йæ кой дæр нæ уыдис, дон та хастам Асæхъойы æрхæй. Газеттæ æмæ нæм журналтæ Елхоты посты хайадæй саргъы бæхыл хæццæ кодта Дриаты Резо. Елхотмæ та цыдыстæм фистæгæй хъæдрæбынты.

 

Фæстæдæр цæрджытæ фæфылдæр сты, æмæ алы хæдзарæй дæр быдырон куыстытæм цыдис 3-4 адæймаджы, сæ фылдæр уыдысты фæсивæд. Колхоз   схуыдтой «Фæскомцæдисон» («Комсомолец»). Сæрдарæй йын æвзæрст æрцыд Дзаттиаты Зауыр, афæдзы фæстæ та — Андиаты Батрадз. Хæдзарад сабыргай рæзын райдыдта: фæзынд дзы фосдарæн фермæ, тракторон бригад. Сæ хъазуатон фæллойæ комсомольскæгтæй бирæтæ сæхицæн скодтой кад. Раззагдæртимæ уыдысты Самты Беллæ, Битарты Замирæт, Киситы Федося, Хоситы Зелим, Мерденты Алымбег, Хадыхъаты Алымбег, Гогосты Михаил, Быгъуылты Григори, Битарты Алыксандр, Багданты Валери, Хетъеты Эммæ, Дзиуаты Хъазыбег æмæ иннæтæ.

Фæлтæрдджын механизатор, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Гогосты Барис (Боркæ) ма суанг йæ чызг Раисæйы дæр сахуыр кодта уыцы дæсныйадыл, æмæ зноны скъоладзау фæллой кодта нæлгоймæгты æмрæнхъ.

Бирæ азты дæргъы хъæусоветы сæрдарæй фæкуыста дзæнæты бадинаг Хетъеты Петя. Фæзынд нæм авдазон скъола, ног амбулатори, рæвдауæндон.

Уæды азты клубæн разамынд лæвæрдта Дзиуаты Хадизæт (Гадиго). Æнтыстджынæй нæм архайдта кафджыты къорд. Бацæттæ-иу кодтам спектакльтæ дæр. Арæх-иу аластам фосдарджытæн концерттæ бричкæйыл, нæ фæндаг та цыдис хъæдрæбынты. Иу хатт нæ бæхтæ фæтарстысты æмæ нæ къуыбыры рахастой. Нæ чызджытæй ма дзы иу хаугæ дæр ракодта. Хетъеты Петя уый куы фехъуыста, уæд фидарæй загъта, кæй бацархайдзæн, цæмæй Комсомольскæй Елхотмæ фæндаг арæзт æрцæуа. Партийы райком æмæ райæххæсткомы æххуысæй йæ ныхасæн разынд хицау. Уый фæстæ хъæуы сæргъы чи лæууыд, уыдон дæр архайдтой адæмы удæнцойадыл. Уыцы иу хорз хъуыддæгтæй у, хъæумæ Дзæуджыхъæуæй рейсон автобус бон æртæ хатты кæй цæуы, уый.

Гуырдзыстоны мидæггаг районтæй лыгъд адæмы нæ хъæуы куы æрцæрын кодтой, уæд цæрджыты нымæцыл дзæвгар бафтыд, æмæ нæм арæзт æрцыд ног дыууæуæладзыгон скъолайы бæстыхай. Культурæйы Хæдзар, растдæр та йæ схонæн уыдзæн клуб, кæд арæзт уыд, уый бирæтæ хъуыды дæр нал кæнынц. Æдзæллагæй-æдзæллагдæр кодта. Уарынтæ йын-иу йæ къултæ æрæхсадтой куыд мидæгæй, афтæ æддейы дæр, æмæ схæрог сты. Ныр культурæйы артдзæст йæ хуыз скалдта.

Уæдæ 45 азы размæ цы фæндаг сарæзтой, уый дæр æдзæллаг уавæрмæ æрцыд. Адæймаджы-иу тагъд искуыдæм цæуын куы бахъуыд, уæд нæм таксисттæ дæр нæ куымдтой: уæ фæндаг, дам, нæ бæззы, æмæ-иу сæ аргъ фæфылдæр кодтой. Ныр та нæ хъæумæ сарæзтой асфальтæй æмбæрзт ног фæндаг. Уыцы хорздзинадыл чи бацархайдта, уыдонæн стыр бузныг. Сæ царды фæндæгтæ кæддæриддæр рæсугъд æмæ уæрæх уæнт, фæрнæй кусæнт!

Иу дзырдæй, фидар къахдзæфтæй Комсомольскы хъæу цæуы размæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис ма нæм чысыл хъæндзинæдтæ дæр. Уынгты иуæй-иу рæттæм хатгай дон нæ хæццæ кæны, цардæн та йæ рахæцæн дон у, фæлæ нын ныфс æвæрынц, фæстæдæр ацы хъуыддаг дæр кæй фæхуыздæр уыдзæн, уымæй.  

Зынаргъ редакцийы кусджытæ, курæм уæ, æмæ нын ныммыхуыр кæнут нæ фыстæг, кæцы уæм Комсомольскы хъæуы цæрджыты номæй æрвитынц


БИТАРТЫ Катя æмæ

КАСАТЫ Верæ.