Лазарты Б.: “Архайдзыстæм нæ фадæттæм гæсгæ”
Ставд-Дурты хъæуы сæргълæууæгæй Лазарты Беллæ фыццаг аз нæ кусы. Йæ разамындæй цæрджытæ æрвылаз цы хъазуатон фæллой бакæнынц сæ цæрæнбынаты фæлгонцадыл, уый æгас Ирыстоныл дæр айхъуыст. Ставд-Дуртæ бацахстой раззаг бынæттæ хъæуты фæлгонцад æмæ аивдзинады республикон конкурсты.
Æрæджы фембæлдыстæм Беллæимæ, æмæ нæм рауад ахæм ныхас:
— Цавæр æнтыстдзинæдтимæ арвыстат 2017-æм аз?
— Куыд уый размæ азты, афтæ ныр дæр зæрдиагæй бакуыстам уынгты æмæ хъæугæрæтты сыгъдæгдзинадыл, сцалцæг кодтам æртæ уынджы фæндæгтæ. Хъæуы фæлгонцмæ нæ цæст дарæм æдзухдæр, æмæ кæд ницы æнæнхъæлæджы уавæр сæвзæры, уæд нын уыцы хъуыддаджы тынг бирæ архайд нæ вæййы. Зæгъæм, ивгъуыд аз сывæллæтты рæвдауæндоны æмбонд ныккалд, уый фæдыл зиу ракодтам. Хъæуы нæлгоймæгтæ цалдæрæй сарæзтой профнастилæй ног æмбонд, æхцайы фæрæзтæй та нæм фæкаст районы Администраци.
Фæстæдæр та рæвдауæндоны кæрт йæхи хардзæй нырыккон тротуарон плиткæйæ саив кодта Черчесты Джанаспи.
Зиутæ скæнæм, фæлæ дзы, хъыгагæн, фæархайынц фылдæр хатт æрмæстдæр бынæттон администрацийы æмæ культурæйы Хæдзары кусджытæ. Адæммæ иу зонд куы уаид, уæд бæргæ хорз у, фæлæ цы гæнæн ис, архайдзыстæм, нæ фадат куыд амона, афтæ.
— Æппæты тыхстдæр фарста цавæр у уæ хъæуы?
— Дон, газ æмæ электрон рухс хъуаг не 'ййафæм, ивгъуыд аз иунæг бон дæр ахæм нæ хъуыды кæнын, кæцыйы мах æнæ дон уыдыстæм. Фæлæ нæ мæты æфтауы иу хъуыддаг: тынг заууат уавæры ис, федералон трассæйæ хъæумæ цы фæндаг цæуы, уый. Нæ зæрдæ дарæм республикæйы хицауадыл: ацы азмæ нын ныфс бавæрдтой бындуронæй йæ сцалцæг кæнынæй.
— Куыд уæм æвæрд у рæзгæ фæлтæры хъомылад?
— Бирæ хуыздæр цæуид уыцы куыст, хъæуы фæсивæдæн раздзог куы уаид, уæд. Бынæттон администрациты раздæр уыд фæсивæды хъуыддæгты фæдыл специалисттæ, фæлæ ныр нал сты, рæзгæ фæлтæры æрмæст скъолаты бар ныууагътой. Махæн дæр нæ бон куыд у, афтæ семæ архайæм. Æвзæр фæсивæд нæм нæй. Цины кæнæ хъыджы хъуыддаджы рæстæг фенæн ис: дзурын дæр сæ никæмæ хъæуы, иууылдæр архайынц, чи цæмæ æмæ кæм арæхсы, уым, мæгуыр хъæздыг не 'взарынц. Фæлæ уæддæр семæ хъæуы кусын фыццаджыдæр бинонты 'хсæн, уый фæстæ ахуыргæнджытæн, бынæттон администрацийæн, хъæуы Ныхасæн, æмæ уæд æвзæрæй дæр хорз рауайын кæнæн ис.
Раппæлинаг чи у æрыгæттæй, уыдон сты Золойты Родион, Уарзиаты Ацæмæз, Быгъуылты Тимур æмæ ма иу цалдæр, кæцытæ зæрдиагæй бацархайынц хъæуы аивдзинадыл. Капиталон сара дæллаг уæлмæрды сарæзтой Быгъуылты Зауырбег, Зæнджиаты Алан, Дзантиаты Алан, Боциты Æхсарбег æмæ иннæтæ. Нæ фæсивæд дæс лæппуйæ скодтой сывæллæтты рæвдауæндоны кæрты аив хъазæн фæз. Иумæ рæвдз февнæлдтой æмæ сын бантыст иунæг бонмæ, кæд æртæ-цыппар боны куыст уыд, уæддæр. Цалдæр лæппуйы та рæстæгæй-рæстæгмæ баххуыс кæнынц артагæй уынгты бырæттæ ласæн тракторæн.
Адæймаг йæ хæрзæрыгон бонтæй кусын ахуыр куы рахæсса, уæд уый тынг хорз у, зæгъæм, ахæм сты мах фæлтæр искуы иуæй фæстæмæ. Мæхи не 'ппæлын, фæлæ 36 азы колхозы фермæты фосимæ фæкуыстон, арæх лæджы куыстытæ дæр. Абон нæ зæрдæ дарæм фæсивæдыл, кæд хистæрты кад æмæ намыс дæлæмæ не 'руадзиккой.
— Адæмы минæвæрттæ — хъæуы Æмбырды депутаттимæ — куыд сты уæ ахастдзинæдтæ?
— Сæ фылдæримæ — тынг хорз, бирæтæ сæ сты арфæйы аккаг. Фæлæ раст зæгъын хъæуы, ис ахæм депутаттæ, кæцыты уынгæ дæр нæ кæнын.
Хъæубæстæйы бирæ хъуыддæгты куырыхон разамынд фæдæтты нæ хистæртæй иу Къубалты Марклен, арфæйаг у йæ архайд Ныхасы сæрдар Суанты Аланæн дæр. Уыдон разæнгард кæнынц адæмы, кæстæртæн амонынц, ирон æгъдæуттæ куыд хуыздæр аразгæ сты, уый. Цытæ сын æнтысы, уый уæлдæр загътон.
— Цы нысантæ уæм ис 2018-æм азмæ?
— Хъавæм сцалцæг кæнын цалдæр уынджы фæндæгтæ. Уымæй дарддæр нæ риссаг фарстатæ сты: афтек нæм нæй, дохтыр нæм къуыри иу хатт йеддæмæ нæ вæййы. Уыцы хъуыддæгтыл нæ фæнды бацархайын ацы аз.
Ныхас ныффыста
КЪУБАЛТЫ Аркади.
СУГЪАРАТЫ Елизаветæйы
ист къам.