Уарз мадау ирон æвзаг
Ацы ныхæстæ арæх хъусæм, уæлдайдæр та фæстаг азты. Афтæмæй та уыдис ахæм рæстæджытæ, уыцы ныхæстæ дзурыны сæр æппындæр кæд нæ хъуыдис. Æвзагмæ мады æхсыримæ хастой уарзондзинад нæ фыдæлтæ. Рæстæг цыдис, кæрæдзи ивтой, нæ мадæлон æвзаджы хъысмæт кæмæй аразгæ уыдис, уыцы уæлдæр хицауад дæр. Уыдонæй кæйдæр бардзырдмæ гæсгæ йæ скъолаты ахуыр кæнын райдыдтой куыд факультативон предмет. Абоны онг дæр, хъыгагæн, у афтæ.
Цæмæдæр гæсгæ йыл сыстырзæрдæ сты канд кæстæр фæлтæр нæ, фæлæ хистæртæй дæр бирæтæ, нал ыл дзурынц, сæ сæрмæ йæ нал хæссынц, Елхотæй дæлдæр, дам, цæмæн хъæуы. Уый тынг рæдыд хъуыды у. Æз уын уымæн æрхæсдзынæн иу дæнцæг.
Ивгъуыд æнусы фæндзайæм азты онг Ирыстоны скъолаты æппæт предметтæ, суанг математикæ дæр, ахуыр кодтой иронау, æмæ уæды рауагъдонтæй иу дæр æгуыдзæгæй нæ баззад, бирæтæ дзы райстой канд уæлдæр ахуыргонддзинад нæ, фæлæ систы зындгонд ахуыргæндтæ.
Уæды фæлтæрæй уыд мæ хæстæг, Комсомольскы хъæуккаг Дзиуаты Хадзыбечыры бинойнаг Хадизæт, чызгæй Зæнджиатæй, Заманхъулæй. Дыууæ дæр дзæнæты бадæнт.
Хадизæтæй мæхæдæг куыд фехъуыстон, афтæмæй дæс къласы фæстæ ацыдис Мæскуымæ æмæ йæ гæххæттытæ балæвæрдта педагогон институтмæ. Алгебрæ æмæ геометрийæ иумæйаг фæлварæн куы лæвæрдта, уæд йæ билеты фарстатæн уырыссагау æххæст дзуаппытæ куыд радтаид, уый нæ зыдта, уымæн æмæ сæ скъолайы уый дæр цыд иронау.
Æрыгон чызг нæ фæтарст, фæлæ къамисы уæнгты уырыссагау бафарста, ирон, дам, уæ ничи у. Разындис дзы иу сылгоймаг, æмæ йын бар радта иронау радзурын йæ дзуаппытæ. Райста иттæг хорз бæрæггæнæн. Уый ууыл дзурæг у, æмæ ирон æвзаг адæймаджы бахъæудзæн æрмæст Елхоты онг нæ, фæлæ алы ран дæр.
Сæфы нæ ирон æвзаг, зæгъгæ, фæдис хъæр кæныны бæсты ма алчи йæхицæй райдайæд. Цал ныййарæджы дзурынц иронау сæ цотимæ? Семæ уынгты дæр фæцæйцæуынц уырыссагау ныхасгæнгæ. Сæ хæдзæртты дæр сывæллæттæ, æвæццæгæн, арæх нæ хъусынц ирон дзырд, æмæ сæ уæд цы домæм? Æппæт азым æмæ уæз рæвдауæндæттыл æмæ скъолатыл цæмæн æвæрæм?
Æнæмæнг, ахуыргæнджыты æмæ хъомылгæнджыты дæр архайын хъæуы ууыл, цæмæй рæзгæ фæлтæр ирон æвзагæй исой фылдæр æмæ арфдæр зонындзинæдтæ.
Æрмæстдæр иумæ, æрвылбоны архайды фæрцы нæ уды фарн куы бавæрæм нæ мадæлон æвзаджы, уæд нæ фæдис хъæр кæнын нал бахъæудзæн, куыд наци, афтæ нæ адæм фæсæфдзæн, зæгъгæ.
ХЪУЫЛЫМБЕГТЫ Альбинæ,
районы ахуырады Управленийы сæйраг специалист.