Кувын зæрдæйæ хъæуы
Хуыцауæй хатыр. Алчидæр йæхи фæндиаг уæд. Кæстæрты зиантæ сарæх сты. Аххос цæй мидæг ис? Хъысмæты азар, хъиамæт æви æндæр цыдæр у? Адæймаджы бон ацы фарстæн бæлвырд дзуапп радтын нæу. Фæлæ уæддæр хъуамæ цыдæр хатдзæг скæна. Уæдæ уал нæ табуты уагмæ фыццаджыдæр æркæсæм. Кувын зæрдæйæ хъæуы. Иуæй-иу хистæртæм куы байхъусай, уæд къæдорæй конд къæбæрау сæ ныхæсты царвы уидыг нæ разыны.
Адæмы æхсæнмæ куы цæуай, уæд цины фынгыл æнæбамбæлгæ ис? Куывдтытæ дзы сарæх вæййынц. Уый не 'гъдау у. Йæ ныхмæ ма дзурæм. Хохмæ Уациллайы бæрæгбонмæ бирæ азты дæргъы фæцыдтæн. Нæ хæдзары зæронд лæг уыдис, æмæ мын уый табутæ дæр цæттæ скъолайы хуызæн рауадысты. Хистæртимæ ныртæккæ дæр арæх æмбæлын.
Уæды хистæртæ-иу сæхи цæрæнбоны тыххæй сидт бадты æмгæрон никуы бауагътой. Хуыцауæй цы куырдтой, уый — кæстæртæн. Уæдæ куыд? Рæзгæ фæлтæртæ сæ амонды бындур сты. Уыдоны фæдзæхсгæйæ-иу сæ цæстытæ хуры зынг стъæлфæнтæ фестадысты.
Хистæртæ цардæн — йæ фыццаг цæг. Æгъдауы удæгас гуырæнтæ. Бирæ азтæ батыдтой æмæ уыцы кармæ дæр уый тыххæй бахызтысты. Алцыдæр рауайы, æмæ зæронд бæх байраджы царм бастæры. Уыцы æбуалгъдзинад цæрæгойты дунейæ дæр фесæфæд. Зонды къуыбылæйттæ арфæйагæй цæрæнт. Кæстæрты цæрæнбон та бирæ уæд!
Адæймагыл азтæ куы рацæуа, уæд дзы арфæйаг уæвынæй амондджындæр хъуыддаг нæй. Хистæр хъуамæ йæхи цæрæнбоны гаджидауыл ма сразы уа. Сидтытæ мыстытæ нæ бахордтой. Нæ кæстæртæ цæрæнт!
ДЗУЦЦАТЫ Къоста.