Новости

Фидараты Т.: «Хъæу хъуамæ дидинæг кала…»

Дзæвгар рæстæг кусы Ираны хъæуы администрацийы сæргълæууæгæй Фидараты Тотырбег. Бирæ раппæлинаг хъуыддæгтæ бафтыд йæ къухы уæдæй нырмæ. 2017-æм аз цыхуызæн бæрæггæнæнтимæ ахицæн кодтой æмæ ног азы къæсæрыл цавæр нысантимæ бахызтысты, ууыл æрæджы уыд нæ ныхас Тотырбегимæ.

— Хъæуы фæлгонцадыл цы куыстытæ бакодтат æмæ ма цы ис уæ зæрды бакæнын?

— Нæ республикæйы сæргълæууæг  Битарты  Вячеслав йæ  куысты фыццаг бонты цæхгæр сæвæрдта цæрæнбынæтты фæлгонцад æмæ сыгъдæгдзинады фарста.

Мах дæр Ираны хъæуы фæстаг цалдæр азы нæ уынгты фæлгонцмæ æмæ фæндæгтæм здахæм фылдæр цæстæнгас. Алы аз дæр саразæм уынгтæй искæцыйы хуырæй фæндаг æппынкъаддæр дыууæ километры дæргъæн. Зæгъæм, ивгъуыд аз сцалцæг кодтам Токайы фырты уынг, ныр фæндаг у лæгъз, æнæ дзыхъхъытæй.

Цæмæй хъæу сыгъдæг уа, уый тыххæй адæм ууыл хъуамæ архайой иумæ. Уынгты аивдзинад цæуы алкæйы зæрдæмæ дæр, фæлæ йыл, хъыгагæн, не 'ппæт нæ кусæм. 21-æм æнусы цæрæм æмæ æдзæллаг хъуамæ ма уæм. Кæм не 'мбæлы, ахæм ран бырæттæ нæ, фæлæ гæххæтты гæбаз дæр хъуамæ ма аппарай. Бирæ хæттыты скодтам зиутæ уынгтæ, хъæугæрæттæ æмæ уæлмæрд æфснайынмæ. Ис нæм бырон æмбырдгæнæн сæрмагонд полигон дыууæ гектары фæзуатыл. Хъæумæ æрбацæуæны сæвæрдтам быронæн сæрмагонд контейнер. Бирæ бырæттæ кæмæ вæййы, уый нын фехъусын кæны, æмæ йын раттæм транспорт сæ аласынæн.

— Ивгъуыд аз уæ хъæуы хорздзинадæй цы æрцыд?

— Сарæзтам сывæллæттæн хъазæн фæз. Уыцы хъуыддаджы нын стыр æххуыс бакодта нæ республикæйы Парламенты депутат, амалхъом Гайты Тотрадз, стыр бузныг дзы стæм. Хъæуы астæу нæм арæзт цæуы культурæйы Хæдзары ног бæстыхай, кæцы сцæттæ уыдзæн ацы аз. Культурæйы кусджытæ уал рæстæгмæ архайынц бынæттон администрацийы бæстыхайы. Зынгæ æнтыстдзинæдтæ æфты сæ къухты культурæйы Хæдзары æрыгон кафджытæн Милдзыхты Артуры разамындæй, бирæ хæрзиуджытæ æрластой суанг сыхаг республикæты фестивалтæй дæр. Ног кафæн ирон уæлæдарæс сын бæргæ хъæуы балхæнын, фæлæ, хъыгагæн, махмæ уыйбæрц фæрæзтæ нæма ис. Амалхъом адæмæй нæ ныфс ис, кæд уыдоны руаджы уыцы хъуыддаг сырæзид. Дзæуджыхъæуимæ нын транспортон бастдзинад нæ уыд, æмæ уыцы фарста дæр лыггонд æрцыд: ныр нæм бон дыууæ хатты цæуы автобус.

— Абон цæрджытæ тынгдæр цæмæй тыхсынц?

— Алы цæрæнбынаты разамонæджы дæр фæнды, цæмæй хъæу уа райдзаст, адæм уой сабыр, ма æййафой хъуаг нуазыны донæй, электрон рухсæй æмæ æрдзон газæй. Уыдонæй æххæст уæвæг цæрджытæ хъаст ницæмæй кæндзысты. Раздæр хъæуккæгтæ бæллыдысты горæты цардмæ, уымæн æмæ уым ис социалон æнцойдзинæдтæ. Фæлæ ныр алы хъæуы, уыимæ махмæ дæр, ахæм æнцойдзинæдтæ искуы иуæй фæстæмæ алы хæдзары дæр сты. Абон хъæуæй горæтмæ цæрынмæ алидзыны зонд бирæтæм нал ис. Риссаг фарста у, куыстуæттæ кæй нæй, уый. Фæлæ уæддæр ирайнæгтæ амæлттæ кæнынц: чи фос дары, чи æндæр рæттæм цæуы кусынмæ.

Хъыгагæн, не 'мхъæуккæгтæй ис ахæмтæ, сæ цæхæрадæттæ хуым дæр чи нæ кæны. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, йæ царды уавæртæ фæхуыздæр уой, уый кæй фæнды, уыдон амал кæндзысты. Къорд азы размæ-иу сæрдыгон алы хæдзарæй дæр æрвылбон аластой уæй кæнынмæ дæс-фынддæс голладжы алыхуызон халсартæ. Фæлæ, æвæццæгæн, ныр ницыуал хъуаг сты æмæ нал кусынц. Алчидæр йæ цæхæрадоны куы архайа, уæд цæрæн ис. Фæлæ магуса куы уа адæймаг, уæд горæт нæ, фæлæ кæдæмфæнды дæр куы алидза, уæддæр адæмы æмрæнхъ цæуын нæ базондзæн.

— Хъæуы уагдæттæ адæмæн куыд лæггад кæнынц?

— Нæ фельдшерон-акушерон пункты æрвылбон ис фельдшер, къуыри дыууæ хатты та æрцæуы дохтыр. Адæм сæ сты бузныг, цыфæнды рæстæг дæр сæм куы баулæфай, уæд сæ куыст зонынц. Райпойы дуканийæн дæр йæ бон куыд  у,  афтæ  архайы.  Уымæй  фæстæмæ ма нæм ис чиныгдон, сывæллæтты рæвдауæндон, скъола, посты хайад, кæцыты кусджытæ æнтыстджынæй æххæст кæнынц сæ хæстæ.


 

Ныхас ныффыста

КЪУБАЛТЫ Аркади.