Новости

Бузныг, Беллæ, дæ лæггадæй!

Ныры рæстæг  иутæ бухъцард кæнынц, иннæтæ та сæ капеччытæ кæцырдæм аивазой, уый нæ зонынц. Бынтон цъысымы та пенсиисджытæ сты. Исчи сын иучысыл дæр сæ арм куы фæрогдæр кæны, уæд дзы, æмбисондæн куыд  баззад,  галы бузныг фæвæййынц.  

Хуыцауæй разы, ис ма нæм, искæйы рис чи æмбары, ахæмтæ дæр.

 

Арфæйы  аккаг чи у, уыдонмæ хауы Золойты Беллæ. Змейкæйы кусы сылгоймæгты сæрæлвынæг мастерæй.  Йæ дæсныйад хорз кæй зоны, уый бæрæг у,  чи йæм бацæуы, уыдон дзы разыйæ кæй баззайынц, уымæй.  Адæймаг йæ куыст куы уарза, уæд дзы хъуамæ зæрдæйы хъарм æвæра, æрмæст къухты арæхстæй уадиссаг нæ рауайдзæн дæ февнæлд.

Иу хорздзинад ма ис мастермæ. Сылгоймаг алы кары  дæр фæбæллы уымæ, цæмæй æдзæллагхуыз ма уа, фæлæ аив. Уæлдæр куыд загъд ис, афтæмæй бирæтæн сæ авналæнтæ цыбыр сты, уæлдайдæр та пенсиисджытæн. Уый æмбаргæйæ, мастер  равдыста  аудындзинад хистæртыл: алы цыппæрæмы дæр сын лæвар балæггад кæны. «Сæ пенсийы муртæй ма сын æз дæр  исон», — вæййы йæ ныхас ацы сылгоймагæн.  Цæугæ та йæм кæнынц канд змейкæйæгтæ нæ, фæлæ районы  æндæр хъæутæй дæр.

Æз  æрыгон фæлтæры клиенттæй дæн æмæ йæ куы базыдтон, Беллæ цы хорздзинад аразы, уый, уæд мæ уырнгæ дæр нæ кодта, цалынмæ уымæн мæхæдæг æвдисæн нæ уыдтæн, уæдмæ. Цæмæй мын козбау  мийы хуызæн  ма рауайа, уый тыххæй мæ мыггаг нæ фыссын, фæлæ йын бузныг зæгъын, ахæм уæздандзинад æм кæй разынд æмæ æнæзонгæ хистæртыл дæр кæй ауды, уый тыххæй. Арфæйаг хъуыддаг кæны, æмæ йыл Хуыцауы арфæтæ æрцæуæнт! Ноджы ма йын фылдæр  бантысæд уды сыгъдæгдзинады хабæрттæ кæныны хъуыддаджы!


 

   Змейкæйы цæрæг.