Новости

Æвзаг, æгъдау — сæ бынаты

13 февралы Елхоты рæвдауæндон «Дюймовочкæ»-йы ацыд гом ахуырадон мадзал «Ирон лæппу æмæ ирон чызджы хъомылад адæмон сфæлдыстады бындурыл». Бацæттæ йæ кодта æмæ амыдта ирон æвзаджы хъомылгæнæг Битарты Оксанæ астæуккаг æмæ хистæр къордты хъомылгæнинæгтимæ. Ардæм хуынд æрцыдыстысты нæхи æмæ Рахизфарсы районты рæвдауæндæтты хъомылгæнджытæ. Мадзал арæзт æрцыд ахуырады кусджыты цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæныны Цæгат Ирыстоны республикон институты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы ахуыргæнæг Дзанайты Ларисæйы хъæппæрисæй.

Мадзал рауад тынг цымыдисаг æмæ мидисджын.

Сабитæ æвдыстой сæ зонындзинæдтæ, се 'гъдау. Райдай сæ уæлæдарæсæй æмæ фæуы сæ ныхасы хъæдæй — алцæмæйдæр  уыдысты аив. Хорз фидыдтой чызджытæ разгæмтты, лæппутæ та цухъхъаты. Уазджытæм гæсгæ, ирон æвзаг рæвдауæндоны кусджытæм бæрзонд æвæрд у.

Сывæллæттæ рæсугъд бакастысты æмдзæвгæтæ, азарыдысты, акафыдысты, акодтой ирон хъæзтытæ. Хатдзæг уыдис ахæм: ирон æгъдау сæфт никуы уыдзæн, ахæм суинаг сабитæ æмæ бæрнон хъомылгæнджытæ нæм куы уа, уæд.

Районы ахуырады Управленийы сæйраг специалист Хъуылымбегты Альбинæ æмæ рæвдауæндоны сæргълæууæг Чочиты Розæ куыд загътой, афтæмæй  ахæм мадзæлттæ хъæугæ хъуыддаг сты.


 

СУГЪАРАТЫ Лизæ.