Æфтауынц фæндыры уацары
Рагзамантæй фæстæмæ нæ адæмы 'хсæн стыр ахадындзинад уыдис ирон фæндырæн. Йæ равзæрд ын ирдæй зонæм нæ æрдхæрæн Нарты кадджытæй. Сырдон йæ сæфт сывæллæтты стджытæ æмæ зæрдæты тынтæй сарæзта фæндыр æмæ йæ балæвар кодта Нартæн. Уæд Нарт загътой: «Нæ мæлæт куы æрцæуа, уæддæр цæрæнбонтæм баззайдзæн ацы фæндыр. Чи йыл æрцæгъда, уый дзурдзæн мах тыххæй, æмæ нæ ном сæфт никуы уыдзæн…»
Ацы ныхæстæн сæ рæстдзинад абон дæр ирдæй зыны нæ царды. Æвдисæнæн æрхæсдзынæн, цы дыууæ æрыгон чызджы тыххæй мæ фæнды æрдзурын нæ газеты фарсыл, уыдоны. Кокайты Аланæ æмæ Хъабанты Елизаветæ сты курдиатджын фæндырдзæгъдджытæ. Дыууæйæ дæр сты Елхоты Кокайты Саламы номхæссæг сывæллæтты аивæдты скъолайы ахуырдзаутæ. Сæ разамонæг Дзгойты Зæринæйы фæндырдзæгъдджыты къорды æнтыстдзинæдты тыххæй нæ газет иу æмæ дыууæ хатты нæ фыста.
Скъолайы разамонæг Хъуысаты Виктория нын куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Аланæ æмæ Елизаветæ раздæр азты систы Бетъырбухы, Хъазаны, Дзæуджыхъæуы æмæ æндæр рæтты чи ахицæн, уыцы алыхуызон музыкалон-аивадон ерысты æмæ равдыстыты уæлахиздзаутæ æмæ дипломанттæ. Ацы аз та, Кировы районы Сæргълæууæг Нæкуысаты Барис курдиатджын фæсивæдæн цы стипендитæ саккаг кодта, уыдон дæр сæ къухты бафтыдысты.
— Æнæуи дæр тынг сæрыстыр стæм ацы чызджытæй, — зæгъы Виктория. — Стипендиатты номхыгъдмæ кæй бахаудысты, уый та у ноджыдæр иу æфсон нæ ахуырдзаутæй сæрбæрзонд уæвынæн.
Æз фембæлдтæн чызджытимæ. Дыууæ дæр разындысты канд æддаг бакастæй нæ, фæлæ сæ удыхъæдæй дæр тынг рæсугъд. Сæ æнтыстыты тыххæй сæ куы бафарстон, уæд сæ дыууæ дæр ныфсæрмытæ сты, сæ дзыхтæй ныхас нал хауд.
Аланæ ахуыр кæны Елхоты 3-æм скъолайы 11-æм къласы иттæг хорз бæрæггæнæнтыл. Йæ къухы æнтыстдзинæдтæ æфты æрмæст аивады нæ, фæлæ ахуыры дæр. Фæлварæнты фæстæ уый бæлвырд сбæрæг уыдзæн, фæлæ уал абон ацы суинаг чызг архайы, цæмæй фæсахуыр сызгъæрин майдан райса æмæ йæ фидæн æвзагзонынады наукæимæ бабæтта. Уымæн та хъæуы ахуыр æмæ ахуыр.
Æнтысы ахуыры Елизаветæйæн дæр. Уый дæр у 11-æмкъласон, æрмæст Елхоты 2-æм скъолайы ахуырдзау. Йæ скъолайы цыдæриддæр равдыстытæ æмæ мадзæлттæ вæййы, уыдонæй йæхи никуы фæиуварс кæны. Елизаветæ та бæллы дохтыры дæсныйад райсынмæ æмæ йæ нысанмæ алы бон дæр скæны гыццыл къахдзæф.
Кокайты Аланæ æмæ Хъабанты Елизаветæ аивæдты скъолайы къæсæрæй хæрз сабитæй бакъахдзæф кодтой. Сæ дыууæйыл дæр цыд æвдгай азтæ. Чызджыты зæрдæтæ бахаудысты ирон фæндыры уацары. Йæ зæлтæ сын срæмыгътой сæ удварны æнцойдзинад. Дыууæйæ дæр афтæ арæхстджын систы, æмæ сæ рæсугъд фæндыр дзагъдæй абон уацары æфтауынц мах, аивадуарзджыты. Уымæ гæсгæ сын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй сæ алы къахдзæф дæр уа æнтыстджын!
ДЗИУАТЫ Анжелæ.
Авторы ист къам.