Ногбон нæ фыдæлтæм
Ногбон рагзаманты дæр нæ фыдæлтæм уыдис кадджын бæрæгбон, фыццаджыдæр — бинонты бæрæгбон. Цин ыл кодтой стырæй-чысылæй, нæлгоймагæй-сылгоймагæй, хъæздыгæй-мæгуырæй. Иууылдæр сæ зæрдæ дардтой, Ногбон сын ног амонд, ног бæркад кæй æрхæсдзæн, ууыл. Ирон адæм Ногбон куыд бæрæг кодтой, уый тыххæй сæ мысинæгтæ ныууагътой бирæтæ. Сæ иу — Н. Берзенов:
«Ногбонмæ ирæттæ бирæ раздæр цæттæ кæнын райдайынц. Алы хæдзары æфсин дæр йе 'рвылбоны куыстытæ ныууадзы æмæ еуу, хъæбæрхорæй уадзы арахъхъ, цæттæ кæны бæгæныйы хардз. Ногбоны æхсæв дзуллагæй фыцы фыркъатæ æмæ хæдзарон иннæ цæрæгойты фæлгонцтæ: стуртæ, бæхтæ, кæрчытæ. Саивдæр сæ кæныны охыл сын цæстытæ, хæмхудтæ саразы, хъæдуры, нартхоры гагатæ хыссæйы бавæргæйæ. Уыдон хуыйнынц басылтæ.
Æфсинтæ уыцы куыстытæ куы фæкæнынц, уыцы рæстæг хистæр нæлгоймæгтæ дæр фæскуыст сæ хъаматæ, дамбацатæ æмæ æхсаргæрдтæ æнæдзургæйæ райсынц æмæ сæ сыгъдæг кæнын райдайынц. Зæронд азæй, дам, хæцæнгарзыл исты чъизидзинад куы баззайа, уæд ног аз нал фæбæззы къухмæ райсынæн: цуаны уа, æндæр хъуыддаджы дзы пайда кæнай, уæд тæссаг у дæхи цардæн.
Æппынфæстаг ралæууы Ног аз. Æваст райхъуысынц топпыты æмæ дамбацаты гæрæхтæ. Алы хъæуы дæр стынг вæййы бæрæгбоны хъæлæба. Æцæгæлон адæймаг æй рахонид, адæм схъомпал сты знаджы ныхмæ фæдисы рабырсыны агъоммæ, зæгъгæ. Æхсæвæй суанг бонмæ нæ банцайынц сæ гæрæхтæ.
Ирæттæ Ногбоны æхсæв гæрæхтæ фæкæнынц уæларвмæ, Мæймæ хъавгæйæ. Уырны сæ, афæдз иу хатт Ногбоны æхсæв Мæйæн тæссаг кæй вæййы цавæрдæр залиаг калмæй — уæларвон калмæй, куы йæ аныхъуыра, уымæй. Залиаг калм Мæйы куы аныхъуыра, уæд Зæххыл цы фыдбылызтæ æрцæудзæн, уый æмбаргæйæ йæ ирæттæ иумæ хъазуатонæй фæхъахъхъæнынц. Лæгты алы гæрахы фæстæ дæр сылгоймæгтæ æмæ лæппутæ ныхъхъæр кæнынц: «Табу Хуыцауæн!»
Ногбоны бонивайæнтæм лæппутæ æрæмбырд вæййынц, зыгъуыммæ фæлдæхт кæрцытæ, дзаумæттæ скæнынц, райсынц лæдзджытæ æмæ хъæуы кæронæй райдайынц «Хæдзаронтæ» кæнын. Бацæуынц алы хæдзармæ дæр заргæ. Зарæджы ныхæстæ та сты ирæтты хæдзары хицауæн тæккæ сæйрагдæр æмæ кадджындæр арфæтæ:
Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ!
Уæ лæг саг амара,
Уæ ус тыр ныййара,
Уæ басылы къух мæн фæуа!''
А. Шегрен та афтæ фыста:
«Ног азы бæрæгбон иронау хуыйны Ногбон. Ирæттæ уыцы бон бæрæг кæнынц æмхуызон хъæлдзæгæй. Ног азы агъоммæ лæппутæ скæнынц æртытæ, æхсæв-бонмæ фæсудзынц, æмæ сæ ног азы райсом дæр нæ ахуыссын кæнынц. Хистæртæ æхсæв-бонмæ кæнынц топпæй гæрæхтæ. Уый фæстæ кæрæдзимæ цæуынц арфæтæ кæнынмæ. Арфæ кæнынмæ чи цæуы, уый йемæ æрбахæссы армыдзаг хъæмпыхæлттæ кæнæ суджы æхсныфтæ æмæ сæ баппары хæдзары арты, хæдзары хицауæн афæдзы дæргъы афтæ йæ къухтæ дзаг куыд уой æмæ йæ бинонты цардыл артау хорзæрдæм куыд ахада, уый нысанæн. Уый фæстæ кæрæдзи суазæг кæнынц. Фæтк афтæ домы, цæмæй иууылдæр бацæуой сæ кæрæдзимæ афтæмæй æмæ сæм хуыздæр цы ис, уымæй куыд суазæг кæной. Уый тыххæй алы хæдзар дæр æхсæз къуырийы раздæр Ногбонмæ сæрмагондæй хæссын райдайы тохъхъыл.
Дыккаг бон лæппутæ фæзилынц хæдзæрттыл æмæ зарынц Ногбоны зарджытæ, Ногбоны арфæтæ кæнынц. Хæдзары хицауæн сæ зæрдæ фæзæгъы, цæмæй сæ лæг саг амара, йæ ус та тыр ныййара, сæ хæдзары бæркад куыд уа, алцæмæй дæр æххæст куыд уа. Уый фæстæ сæ æрцагурынц хæрзиуæгæн хуыны хай. Фæдæттынц сын чъиритæ æмæ басылтæ. Хæдзары æфсин сын куы ницы ратты, уæд уайтагъд лæппутæ æндæр зарæг сисынц, растдæр зæгъгæйæ та, раздæры зарæджы ныхæстæ, хъуыдытæ сзыгъуыммæ кæнынц, хæдзары хицау чъынды кæй у, уый йын йæ цæстмæ бадарынц зарæджы».