Съезды уынаффæтæ – цардмæ
Уыдис Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы Кировы районы хайады уынаффæдоны æмбырд. Уырдæм, уынаффæдоны уæнгтæй дарддæр, хуынд æрцыдысты скъолаты разамонджытæ æмæ ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ.
Ирон адæмы фарæстæм æнæрадон съезд цы уынаффæтæ рахаста, уый фæдыл цыбырæй раныхас кодта «Иры Стыр Ныхас»-ы районы хайады сæрдар Козаты Георги.
Ацы фарстайы фæдыл сæ хъуыдытæ загътой Елхоты хъæуы хистæртæй иу Агънаты Батырбег, Елхоты хъæуы Ныхасы сæрдар Саулохты Хазби, Кæрдзыны хъæуы хистæртæй иу Богазты Арсæмæг, Елхоты фыццæгæм астæуккаг скъолайы ирон æвзаджы
ахуыргæнæг Хъуылымбегты Зæлинæ, ирон адæмы фарæстæм æнæрадон съезды делегат Къубалты Солтан. Уыдон иууылдæр съезды уынаффæтæ банымадтой хорзыл æмæ бацамыдтой районы цæрджытæм сæ фæхæццæ кæныны мадзæлттæ.
Æмбырды архайдта æмæ раныхас кодта муниципалон равзæрд Кировы районы бынæттон хиуынаффæйады Администрацийы Сæргълæууæджы хæдивæг Куыдзеты Геннади.
НÆ УАЦХÆССÆГ.