Новости

Ирон дæн æз...


Дæн стыр амонды хицау. Мæ райгуырæн бæстæ —æрдхæрæны рæсугъд, зæдбадæн бынат. Мæ рагфыдæлтæ — номдзыд æмæ куырыхон. Дзырд “ирон” зæгъ, æмæ дæ хъусты зæлланг кæнынц æндæр дзырдтæ: Анахарсис æмæ Санаты Сем, Нарты Сатана æмæ Зæдæлески Нана, Симд æмæ Зилахар, Ацæмæзы уадындз æмæ Гергиаты Валери, Нарты Батрадз æмæ Хъаныхъуаты Бола, «Ирон фæндыр» æмæ Хетæгкаты Къоста, ариаг туг æмæ Абайты Васо, Плиты Иссæ æмæ Хъантемыраты барджытæ, Джыккайты Шамиль æмæ рæстдзинады Уацамонгæ, урссæр хæхтæ æмæ сæрибар цæргæс, Сыгъзæрин Уастырджи æмæ сыгъдæгзæрдæйæ кувæг лæг... Æмæ сæ чи фæуыдзæн нымад... Нæ дæн националист.

Æппæт дуне Фыдызæхх хуыдта Къоста. Æз, йæ фæдон, уарзын иннæ адæмты. Сæ культурæйы цыртдзæвæнтæ табуйаг сты мæнæн. Фæлæ мæ зæрдиаг ныхас кæнын куы æрфæнды, уæд æй иронау фæзæгъын. Ирон фыдуаг лæппумæ мадæлон æвзагыл уайдзæф: «Дæ фыды, дæ мыггаг ма худинаг кæн» тынгдæр цыма бахъардзæн. Ирон симд мæм уæларвон кæсы. Сиргæ нæ, ленк цыма кæнынц æнæрцæф уæздан рæсугъдтæ. Фæлæ бахъуаджы сахат уыдон фестынц æндонриу амазонкæтæ. Сæ кары куы ацæуынц, уæд та нын Тылаттаты Черменты, Алыккаты Хазбиты схъомыл кæнынц. Ехх, цы сæрыстыр уаид абон нæ рагфыдæл, мæсыджы сæрæй хурæфсæст Ирмæ куы ракæсид. Куы фенид, куырыхон хистæрæн уæздан кæстæр æгъдау кæм дæтты. Фыд йæ фыртæн фарны хъуыддæгтæ кæм амоны. Ирон сылгоймаг арынджы уæлхъус бæрæгбоны уæливыхтæ кæм цæттæ кæны. Давгæ æмæ маргæ кæм нæ кæнынц, гæды ныхас йæ сæрмæ кæм ничи хæссы, æфсымæр æфсымæры уæлхъус кæм æрбалæууы цин æмæ зианы. Аивад, наукæйы, спорты бæрзæндтæм кæм тырнынц. Фарн, Æгъдау, Намыс табуйаг дзырдтæ кæмæн сты. Ирон зæлдаг ныхас кæм хъуысы, гъе уыдоны хъæбул дæн, зæгъгæ, ныхъхъæр кæнин. «Ирон дæн æз!» — ныффыссин стъалытæй уæларвыл.


ХУЫБЫЛТЫ Аслан, Елхоты 1-æм скъолайы 11 къласы ахуыргæнинаг.