Методӕмбырды радон ахуыр
3.04.2023 РЦИ-Аланийы рӕвдауӕндӕтты хъомылгӕнджыты методикон иугонды радон ӕмбырд ацыд Елхоты сывӕллӕтты рӕвдауӕндон «Дюймовочкӕ»-йы. Ардӕм ӕрбамбырд сты Цӕгат Ирыстоны ахуыргӕнджыты зонындзинӕдтӕ уӕлдӕргӕнӕн институты специалист Дзанайты Ларисӕ, районы ахуырады Управленийы методикон куысты сӕргълӕууӕг Зорттаты Светланӕ ӕмӕ методист Битарты Оксанӕ, Кировы ӕмӕ Рахизфарсы районты рӕвдауӕндӕтты ирон ӕвзаджы хъомылгӕнджыты къорд.
Уыцы бон сабиты скъоламӕ бацӕттӕ кӕныны къорды гом ахуыр «Уалдзӕг» равдыста ацы рӕвдауӕндоны ирон авзаджы хъомылгӕнӕг Теттырмазты Фатимӕ. Разамонӕг йӕхицӕн снысан кодта сывӕллӕтты зонындзинӕдтӕ уалдзӕджы тыххӕй фӕуӕрӕхдӕр кӕнын, йӕ фарстатӕн бадомын ӕххӕст дзуаппытӕ, бакусын ныхасы культурӕйы рӕзтыл, базонгӕ кӕнын ног дзырдтимӕ ӕмӕ мыримӕ. Хъомылгӕнӕг чысыл сабиты зӕрдӕты гуырын кодта уарзондзинад ӕрмӕст мадӕлон ӕвзагмӕ нӕ, фӕлӕ ма ӕрдз ӕмӕ Фыдыбӕстӕмӕ дӕр. Ифтонг гӕрзтӕй йӕ гом ахуыры спайда кодта техникон фӕрӕзтӕй, нывтӕй ӕмӕ ӕндӕр цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй. Тынг аив бацӕттӕ кодта агъуыст дӕр. Райдзаст уылӕнтӕ гӕлӕбутау тахтысты уӕлдӕфы тыгъдады ӕмӕ бахъӕлдзӕг кодтой сабиты зӕрдӕтӕ. Уӕлдай ӕхсызгон та сын уыдис, ӕнӕнхъӕлӕджы сӕм Уалдзӕг лӕвӕрттимӕ ӕмӕ рӕсугъд арфӕтимӕ кӕй ӕрбацыдис, уый.
Фатимӕ сывӕллӕттимӕ иттӕг хорз кӕй бакуыста, уый бӕлвырд уыд. Тынг дзӕбӕх архайдтой суинаг скъоладзаутӕ мадзалы рӕстӕг, ӕппӕт хӕслӕвӕрдтӕ дӕр ӕз фӕраздӕронӕй ӕххӕст кодтой, аив кастысты ӕмдзӕвгӕтӕ. Ахуыры дӕргъы нӕдӕр сабитӕ, нӕдӕр сӕ хъомылгӕнӕг не срӕдыдысты иу уырыссаг дзырд дӕр. Рӕсугъд ирон литературон ӕвзагыл дзургӕйӕ арбацӕуджыты зӕрдӕтӕ барухс кодтой сӕ архайдӕй.
Дзанайтӕ Ларисӕ ӕмӕ методӕмбырды архайджытӕ бӕстон равзӕрстой гом ахуыр. Загътой сӕ фиппаинӕгтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ. Сӕ зӕрдӕмӕ дзы тынгдӕр цы фӕцыд, уый сӕхицӕн фӕбӕрӕг кодтой.
СИДАНТЫ Наташӕ.
Авторы ист къам.