Новости

«Ирон лæг уазæгæй æхца нæ исы» 

Йарæби, цæй номыл цæрæм, адæймаг йæ цæхх æмæ кæрдзын раттын хъом куынæ уал уа, уæд. Уазæджы раз æгъдау æрæвæр. Хæрдæй дæ хъуырмæ куы уай, уæддæр  уал раздæр дæхæдæг хойрагмæ æрывнал, æмæ уый дæр уæд исты кæндзæн. Чысыл раздæр фынгæй сыстадтæн, зæгъгæ, уый  зæгъын аив нæу. Дæ хæдзармæ æрбацæуæг куыд  ахъуыды кæндзæн, Хуыцау йæ зонæг. Фæлтау бахъæц, æмæ хъуыддаг йæхи æвдисдзæн.

Уазæгæн æнæмæнг нуазæн раттын æмбæлы. Уыцы æгъдау нын фыдæлтæй баззад æмæ йын фехалæн нæй. Кады стыр нысан у. Фæлæ ма нæм фæстаг рæстæг уæлдай «буцдзинад», зæгъгæ, иу миниуæг фæзынд. Æфсины нуазæнæй зæгъын. Сылгоймаджы æгъдауæн мысайнаг сæвæрын æмбæлы. Уый та, дæ фысымты хойрагæн æхца бафыстай, зæгъгæ, афтæ амоны. Искæйы дзыпмæ куы фæныхилай, уæд де 'гъдауы сæр цы у?

 

Иугæр дæм хонæг  ис æмæ  кæйдæр  хорздзинады балæууыдтæ, уый уал  йæхæдæг æнæхъæн æгъдау у. Хæдзар  йæ бæркадæй Хуыцауы ном ссардта, æмæ йын сыхбæстæ, къабæзтæ та æв-дисæнтæ сты. Дæ уазджытæм хъуамæ æримайы къух  цы цæсгомæй  бадарай. Науæд, фыдбылыз æрцыд, æмæ дзы дæ бинонтæ  æнæхъиамæтæй баззадысты. Уый фæдыл куывды дæр куыд ис мысайнаг æмбырд кæнæн? Уæйгонд хойрагæй уыцы табутæн цы æнхъæл у?

Диссæгтæ цæуы ныртæккæ. Бав-дæлдысты иуæй-иутæ æмæ мулкæй уæллагæн зæрдæлхæнæнтæ кæнынц. Афтæмæй сæм хъæздыгдзинад уый арфæйæ ис.  Кувæндоны æртæ суарийы сæвæрыны агъоммæ уал фæдзæхст ран уды сыгъдæгдзинадыл батыхсын хуыздæр у. Дзуар гæртам нæ исы, дæ «цъæхтæ» йæ нæ хъæуынц.

Зыд лæг цæмæй йæ дойны суадза, уый фаг сатæг суадоны бынæй дæр нæ гуыры. Алчидæр йæхи фæндиаг уæд, фæлæ мулк бирæты байсæфта. Уымæй цы кад райсай, уый та уалдзæг миты обауыл лæууынæй уæлдай нæу. Фæлæ дæ исæй ном скæнын куы базонай, уый — дæ амонд. Уыцы хъуыддагмæ чи фæцарæхстис, уыдоны цæрæнбон бирæ.

Зæгъæм, мæрдты рухс дзæнæты фæбадой Габанты æфсымæртæ. Цæрæг лæппутæ уыдысты. Бынтæ скæнын куыд зыдтой, сæ исæй æгъдау равдисын дæр — афтæ. Кæд æмæ кæд цардысты, фæлæ сæ кой, «Габанты хардзæй», зæгъгæ,  ныхасы  баззад. Æмбисондау фæлтæрæй-фæлтæрмæ абоны онг æрцыд.

Хæтæлдонæй рацæугæ, Дзæуджы-хъæуы цæрæг Кцойты Астейы мæхицæн хорз хистæрыл нымайын. Нæ фыдæлты царды хабæрттæм  цæугæ энциклопеди у. Габанты æфсымæрты таурæгъ мын уый ракодта. Асте та йæ кæддæр 80-аз-дзыд Дзебойты Ильяйæ фехъуыста. Хорз адæмы кой ма бамынæг уæд.

 Куыд радзырдта, афтæмæй Габанты мыггаг цæрæг адæм уыдысты. Сæ лæг-дзинæдты тыххæй зарджытæ дæр баззад. Дыууæ лæппуйы сæ иу заман Ба-кумæ сæудæджергæнджытимæ ацыдыс-ты.  Базары  сæ  хъуыддæгтыл  куы  ах-хæссыдысты, уæд харчевнæйы æрбад-тысты. Ахæм ран æхцаджын адæм бæрæг фæдарынц.

Уым ирæттыл харчевнæйы хицау йæ цæст æрæвæрдта. Сæ фынг аслам нæ рауад, фæлæ æфсымæрты хистæр се 'ппæты бæсты дæр бафыста. Уый ма федта цы, æгъдау скæнæгмæ къамæй ахъазæм, зæгъгæ, бахатыд. Габаны- фырт фæхæрд.  Кæстæр лæппу  дæр йæ амонд бавзæрста. Канд сæхи æхца нæ, фæлæ ма харчевнæ æнæхъæнæй æд кусджытæ рамбылдта.

Харчевнæйы хицау дзыназы, йæ тæригъдмæ бакæсæн нæй. Габанты æфсымæртæ  уыцы лæджы мулк райсын сæ сæрмæ не 'рхастой æмæ йæм дзурынц: «Ма ку, мах стæм ирон адæм æмæ дæ цы рамбылдтам, уыдон дын фæстæмæ дæттæм. Æцæг нæ ныхасæн аргъ скæн. Дæ харчевнæ абонæй фæстæмæ Габанты номыл куыд уа, афтæ».

Æфсымæртæ ма йын ноджыдæр ныффæдзæхстой: «Искуы дæм Ирыс-тонæй исчи куы фæзына, уæд-иу æй  хорз фен æмæ-иу дзы æхца ма бацагур. Уымæн æмæ ирон лæг уазæгæй æхца нæ исы». Ныр  уыцы фыдæлтыккон уæздан æгъдау чидæртæ сæ къæхты бын бакодтой, фæстæмæ фæкастмæ дæр сæ нал хъæуы. Куы айхъусай, уæд, дам,  ирон хæдзары лæвар къæбæр нал и, зæгъгæ, арæх ахæм ныхас фехъус-дзынæ. Æмæ кæрæдзийы æртæ кæр-дзынмæ цæугæйæ нæ дзыпмæ æркæсæм. Исты дæм куы нæ разына æмæ дæ фысымтæ цæвæджы састæй куы æрдасой, уæд та?


 

Дзуццаты Къоста,

газет«Рæстдзинад»-ы уацхæссæг.