Ӕнтыстджын архайд
27.03.2023 Горӕтгӕрон районы Октябрьскийы хъӕуы ацыдысты республикон ерыстӕ дзюдойӕ чызджыты 'хсӕн. Иттӕг хорз дзы рахӕцыд Кировы районы Чеджемты Русланы номыл спортивон скъолайы хъомылгӕнинаг Музайты Елизаветӕ.
Ерысты архайдтой 150 ӕрыгон спортсменкӕйы Цӕгат Ирыстоны районтӕй ӕмӕ горӕттӕй. ӕнӕхъӕн бон кармӕ гӕсгӕ къордты чызджытӕ тох кодтой хӕрзиуджытыл. Спорты мастер Батиаты Ибрӕгимы ахуыргӕнинаг Музайты Елизаветӕ ӕнӕдызӕрдыгӕй фӕуӕлахиз 52 килограммы уӕзы. Гауызыл сӕрӕндзинад кӕй равдыста, уый руаджы рамбылдта йӕ ныхмӕлӕуджыты сеппӕты дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм ерысты афтӕ рамбулын алкӕмӕн не 'нтысы.
КЪУБАЛТЫ А.