Æргом ныхасы къæм нæй, кæнæ кæдæм цæуы ирон æгъдау
Мæйæ фылдæр рацыд, Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы фарæстæм æнæрадон уанел йæ куыст куы фæцис, уæдæй нырмæ. Мыхуыргонд æрцыдысты йæ рахаст уынаффæтæ. Уыдоныл æрныхас кæнын у алы æмвæзады Ныхасты хæс. Стæй та сæ адæммæ фæхæццæ кæнын.
Нæ дзурдзынæн уанелы куысты тыххæй — дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ йæ хорз равдыстой. Мæ зæрдыл дзы тынгдæр цы бадардтон, уый кой мæ фæнды ракæнын. Уый у нæ ирон Æгъдау, кæцы нæм æрцыд æнусты арфæй — нартæй, скифтæй, сæрмæттæй, алантæй. Нæ рагфыдæлтæ йæ бахъахъхъæдтой хæхты зынвадат царды. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславы загъдау, хъыгагæн, бирæтæ Æгъдауæй дарддæрæй-дарддæр кæнынц.
Цæмæн афтæ цæхгæр загъд цæуы ацы ныхас? Ис ын аххосæгтæ. Дæнцæгæн, хистæртæ кæртмæ кæнæ агъуыстмæ бацыдысты, уæд кæстæртæ, иуæй-иутæй фæстæмæ, сæ бынæттæй нæ фезмæлдзысты. Циндзинады æртæ уæливыхы куы фæкувынц, уæд дæр — афтæ. Æмæ кæд хистæр фæлтæр ирон хъомылад æрæййæфтой, уæд рæзгæ фæлтæр уымæй фæхицæн. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, фыццагдæр ныййарджыты аххос у.
Æниу ныртæккæйы хистæртæ сеппæт тынг æгъдауджын сты? Куыннæ стæй! Махæй алчидæр æрвылбон æвдисæн у иуæй-иу ацæргæ лæгты æнæгъдаудзинадæн. Райсæм ирон фынг. Уый рагæй-æрæгмæ у табуйаг (циндзинады фæдыл уа æви хъыджы кæнды). Куыд æвидауц вæййы, ахæм ран урссæр зæронд лæг æнæуаг дзыхæй куы фæдзуры, уæд. Ахæм «хистæр» цавæр Æгъдау хъуамæ бадома сыхы, хъæуы кæстæртæй? Куыд хъуамæ бауайдзæф кæна, кæстæр йæ цуры æвзæр дзыхæй куы сдзура, уæд уымæн?
Кæмæдæрты хъыг фæкæсы, афтæ сын куы зæгъай, нæ сыхаг адæмтæм хистæр-кæстæры ахастдзинæдтæ хуыздæр сты, зæгъгæ, уæд. Мæ ныхас аипп макæмæ фæкæсæд, фæлæ ма абалц кæнæм фистæгæй кæсгон хъæуы уынг- ты. Кæрты дуæрттæм бадæг сылгоймæгтæ, нæлгоймаг цæуæг фенгæйæ, сæ бынæттæй сыстынц. Уымæй кад кæнынц æнæзонгæ адæмæн, мæнмæ гæсгæ та, фыццаг — сæхицæн. Æрæджыйы онг махмæ дæр афтæ уыд. Цæмæн сафæм уыцы Æгъдау? Цæуылнæ ахуыр кæнынц ныййарджытæ сæ сабиты уыцы хорз миниуæгыл? Æниу цы бадомæн ис, автобусы кæнæ трамвайы сæ сывæллæтты хистæртæн бадæн раттын чи нæ бауа- дзы, зæронды фенгæйæ йæхи рудзынгæй æддæмæ кæсæг чи скæны, ахæм мадæлтæй.
Бирæтæ хъуыды кæнынц, зæгъгæ, нæ Æгъдау хъæуы æрмæст фынджы бадты. Уымæй тынг рæдийынц, кæд нæ циндзинады æмæ зианы æгъдæуттæ иннæ адæмтæн фæзминаг сты, уæддæр. Ацы хæзнатæ махмæ нæ рагфыдæлтæй æрæфтыдысты. Абоны хистæрты хæс у уыдон бахъахъхъæнын æмæ сæ нæ кæстæрты зонды, царды ныффидар кæнын. Æмæ уæд фæлтæрæй-фæлтæрмæ ирондзинад уыдзæн цардаразæг, кæстæртæн та — царды бындур æмбарыны хос.
Ирон Æгъдау кæддæр уыдис иу. Фæлæ нæ рагфыдæлты тæтæр-манголы æмæ къуылых Тимуры æфсæдтæ хохы цъассытæм куы батардтой, уæд комæй-коммæ, хъæуæй-хъæумæ кæрæдзимæ арæх нал æмбæлдысты. Уымæ гæсгæ нæ Æгъдауы цыдис ивддзинæдтæ. Уæдæй нырмæ баззад ахæм ныхас: «Сыхæй-сыхмæ, хъæуæй-хъæумæ, комæй-коммæ æндæр æгъдæуттæ ис». Афтæмæй та, иу хатт ма йæ зæгъæм, ирон адæмæн уыдис иу Æгъдау.
Уый хынцгæйæ, «Иры Стыр Ныхас»-ы æгъдæутты комитет рауагъта цыбыр бæрæгуат «Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ». Уырдæм хаст æрцыдысты ирон адæмы фæндондзинад, нæ иумæйаг æгъдæуттæ, кæцытæ æмхъæлæсæй сфидар кодта ирон адæмы VI съезд горæт Цхинвалы 2006 азы. Ныхас дæр ыл нæй, зын у æмбойны адæмы зондахаст аивын. Фæлæ Ирыстоны куырыхон хистæртæй иу Мырзаганты Махары загъдау, уымæ тырнын хъæуы. Иу адæм стæм, иу дзыхæй дзурæм, иу уыдысты нæ рагфыдæлтæ — алантæ, кæд сæ нæ сыхаг адæмыхæттытæй чидæртæ сæхи бакæнынмæ хъа- вынц, уæддæр. Уыцы иудзинадыл хъуамæ кусæм мах, алы æмвæзады Ныхасты уæнгтæ хистæрæй-кæстæрæй.
Абон ма нæ хистæр фæлтæрæй не 'хсæн чи ис, уыдоны стыр мæты æфтауы ирон адæмы демографион уавæр.
— Раст куы зæгъон, уæд тынг тæссаг уавæры стæм ныртæккæ, — дзырдта мын нæ куырыхон хистæр, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты активон архайæг, Елхоты Кадджын гражданин Маккæты Исрафил. — Нæ адæмы нымæц бонæй-бонмæ, афæдзæй-афæдзмæ къаддæргæнгæ цæуы. Нæ лæппутæ афоныл бинонты хъуыддаг нал кæнынц, бирæ нæм ис абадгæ чызджытæ дæр. Къайад чи бакæны, уыцы æрыгон бинонтæ та дунейы рухсмæ рауа- дзынц иу кæнæ дыууæ сывæллоны, искуы иу хатт — æртæ. Мæлгæ та нæ, хъыгагæн, фæстаг дыууын фондз азы акæны, гуыргæ цас ракодта, уымæй дзæвгар фылдæр. Ацы фарстамæ куыдфæндыйы цæстæй кæсын нæ хъæуы. Хорз ма хъуыды кæнын, хæсты размæ стæй хæсты фæстæ алы хæдзары дæр уыдис 4, 6, 8, 10 сывæллоны. Кæд адæм зын цæрдтытæ кодтой, уæддæр нæ фыдæлтæн сæ мæт уыдис сæ фидæныл. Уæд, цымæ, абон ахæм уавæрмæ цæмæн æруагътам нæхи?
Бамбарæн ис куырыхон лæджы хъынцъым. Фæсивæд адæмæн сæ сомбон сты, фидар гæнах, чи сæ раивдзæн, уыдон. Сæ зæрдæты сын хистæртæ цы сæвæрой, нæ Æгъдауæй сæ куыд сифтонг кæной, цавæр царды фæндæгтыл сæ саразой, ахæм уыдзæн сæ фидæн. Æмткæй райсгæйæ та нæм æвзæр кæстæртæ нæй. Сæ фылдæр кад æмæ радимæ хæссынц фыдæлты фарн æмæ намыс. Уæртæ Ставд-Дурты фæсивæдæй цины æмæ хъыджы рæстæг «цума» зæгъын никæмæн хъæуы — сæ лæггад æмæ фыдæбоны хай алкæддæр бахæссынц. Афтæ Ираны æмæ Комсомольскы хъæуты кæстæртæ дæр. Уыдон Æгъдау фыццаджыдæр сæ бинонтæй райстой, уымæй дарддæр та сын амонынц хъæуты хистæртæ.
Æгъдау зын бамбарæн у æнæ мадæлон æвзаг зонгæйæ. Ирон дзырд, фыссæг Ходы Камалы загъдау, хъуамæ æхсæры къæрццау хъуыса. Æрæджы Цæгат Ирыстоны республикон æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы хъæппæрисæй нæ районы ацыд равдыст-æркаст «Ирон дæн æз». Уым цы лæппу-фæсивæд архайдтой, уыдонæй адæм баззадысты тынг разыйæ. Сæ цæрæнбонтæ бирæ скъолаты ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн, кæцытæ сæ удтæй арт цæгъдынц, цæмæй нæ мадæлон æвзаг ма фесæфа, уый тыххæй. Уыдоны фарсмæ балæууын, «Иры Стыр Ныхас»-ы фарæстæм уанелы уынаффæтæ нæ рæзгæ фæлтæрмæ фæхæццæ кæнын у алы æмвæзады Ныхасты хæс. Уымæ гæсгæ ронбæгъд куыстæн бынат нал ис, базмæлын хъæуы.
КЪУБАЛТЫ Солтан,
Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд
«Иры Стыр Ныхас»-ы фарæстæм уанелы делегат.