Бацахстой дыккаг бынӕттӕ
20.03.2023 Ацы мӕйы раӕйдиан бӕркадджын рауад нӕ районы Чеджемты Русланы номыл спортивон скъолайы хъомылгӕнинӕгты ӕнтыстдзинӕдтӕй.
Дзӕуджыхъӕуы олимпаг резервты спортивон скъолайы цыдысты ӕрыгӕтты 'хсӕн (2010-2011 азты гуырд) республикон ерыстӕ хъӕбысхӕст дзюдойӕ. Иттӕг хорз дзы рахӕцыдысты спорты мастер Батиаты Ибрӕгимы хъомылгӕнинӕгтӕ Агънаты Зауырбег (38 кг) ӕмӕ Музайты Виктория (48 кг). Фыццаг бынӕттӕм бӕргӕ хӕстӕг уыдысты, фӕлӕ кӕронбӕттӕны сӕ архайд чысыл фӕкъуыхцы, сӕ ныхмӕлӕуджыты цӕттӕдзинадӕн аккаг аргъ кӕй не скодтой, уый аххосӕй, ӕмӕ дыккаг бынӕттыл ӕрлӕууыдысты.
ӕдӕппӕтӕй ерысты архайдтой 170 дзюдоисты.
КЪУБАЛТЫ А.