Новости

Фӕлтӕрддзинад парахат кӕнгӕйӕ

15.03.2023 Елхоты 5-ӕм рӕвдауӕндоны ацыд республикӕйы рӕвдауӕндӕтты  хъомылгӕнджыты методикон иугонды ӕмбырд. Ардӕм ӕрбацыдысты Кировы ӕмӕ Рахизфарсы районты рӕвдауӕндӕтты ирон ӕвзаджы хъомылгӕнджытӕ, Кировы районы ахуырады Управленийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Богъиты Маринӕ ӕмӕ методист Битарты Оксанӕ. Сӕ сӕргъы Цӕгат Ирыстоны ахуыргӕнджыты зонындзинӕдтӕ уӕлдӕргӕнӕн институты специалист Дзанайты Ларисӕ.Мадзал бацӕттӕ кодта сабиты скъоламӕ цӕттӕгӕнӕн къорды хъомылгӕнӕг Засеты Инессӕ. Гом ахуыр ӕппӕтдунеон сылгоймӕгты бӕрӕгбоны     агъоммӕ кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ йын хъомылгӕнӕг йӕ темӕ схуыдта «Мӕ уарзон мад».

Йӕ сӕйраг хӕстӕ уыдысты сабитӕн раргом кӕнын мады ахадындзинад царды, ныййарӕгмӕ уарзондзинады ӕн-къарӕнтӕ хъомыл кӕнын ӕмӕ йын аргъ кӕнын, сфӕлдыстадон хуызы бакусын ныхасы культурӕ ӕмӕ рӕзтыл.Сабитӕ  дӕр сӕхи рагацау бацӕттӕ кодтой. Развӕлгъау семӕ цыдис ныхас бинонты тыххӕй. Уыдис сын хӕслӕвӕрд, цӕмӕй сӕ цӕст ӕрдарой, мад хӕдзары цы куыстытӕ кӕны, уыдонмӕ, базоной, цавӕр дӕсныйад ӕм ис ӕмӕ кӕм кусы, уый. Уымӕй уӕлдай ма бакӕсын литературон уацмыстӕ, сахуыр кӕнын ӕмдзӕвгӕтӕ, ӕмбисӕндтӕ, зарджытӕ.Ахуыр фылдӕр цыдис хъазты хуызы. Сабитӕн дзы уыдис улӕфты рӕстӕг дӕр. Методикон ӕмбырды архайджытӕ тынг лӕмбынӕг бакастысты мадзалмӕ. Лыстӕг ӕй равзӕрстой, радзырдтой се 'нкъа-рӕнтӕ ӕмӕ фиппаинӕгтӕ. Дзанайты Ларисӕ куыд загъта, афтӕмӕй Инессӕйӕн ӕртӕ боны йеддӕмӕ нӕ уыд, цӕмӕй ацы ахуырмӕ йӕхи бацӕттӕ кӕна, фӕлӕ уӕддӕр йе 'мдӕсныйадонтӕн тынг фӕцыд сӕ зӕрдӕмӕ. Алчидӕр дзы йӕхицӕн фӕбӕрӕг кодта, йӕ куысты дзы цавӕр методикон мадзӕлттӕй пайда кӕндзӕн, уый.


СИДАНТЫ Наташӕ.Авторы ист къам.