Новости

Мадæлон æвзаг — сæ рухс бæллиц

 

Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы фарæстæм æнæрадон  уанелы уынаффæйы загъд ис: «Форумы архайджыты стыр мæты æфтауы, ирон æвзагыл чи дзуры, уыдоны нымæц дæлæмæ кæй цæуы æмæ æвзаджы авналæнтæ нарæгдæр кæй кæнынц, уый».

Цымæ уавæр æцæгдæр афтæ у? Ацы фарстæн дзуапп раттын æнцон нæу. Фæлæ ма æркæсæм, ивгъуыд къуыри Змейкæйы фыццæгæм астæуккаг скъолайы цы æркаст-ерыс арæзт æрцыд, «Ирон дæн æз», зæгъгæ, уымæ. Ацы мадзалы архайдтой нæ районы скъолаты хистæркъласон лæппутæ астæй. Арæзт та æрцыд Цæгат Ирыстоны республикон æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы хъæппæрисæй. Нæ та бавгъау кодтой сæ рæстæг æмæ зонындзинæдтæ Токты Валодя, Туаты Алан, Байсогъуырты Мухтар æмæ Æгъуызарты Каринæ.

Мадзал байгом кодтой амонджытæ — Ставд-Дурты æмæ Елхоты фыццæгæм астæуккаг скъолайы ирон æвзаджы      ахуыргæнджытæ Гæгкуыты Зæлинæ æмæ Хъуысаты Ларисæ. Уый хæдразмæ та æртæ уæливыхы æмæ æртæ æртæ- дзыхонæй, бæгæныйы кæхц æмæ стуры æртæ фæрскæй Кадджын Хуыцау æмæ йæ сконд зæдтæм стыр зæрдиагæй скуывта Змейкæйы станицæйы хистæртæй иу Æлборты Эдуард. Уастырджимæ кувæн къуыри уыдис, æмæ æркасты архайджыты бафæдзæхста нæлгоймæгты бардуагыл. Æрвнæрæгау хъуысыд ерысонты «оммен, Хуыцау!..»

 

Куыд сидт, куыд фæдзæхст, хъуысыдысты мæнæ ацы ныхæстæ:

Ирон дæн æз!

Куыд нæ райа мæ зæрдæ!

Ирон дæн æз!

Мæ цинæн нæй кæрон!

Ирон дæн æз!

Хъуысынц фæндыры зæлтæ!

Ирон дæн æз!

Дæн, цалынмæ цæрон!

Мадзал цыбыр раныхасæй байгом кодта Туаты Алан. Уый фæстæ ерысы фæзмæ рацыдысты æркасты архайджытæ. Сæ ныфсыл сын ныфс бафтыдтой Елхоты æртыккæгæм скъолайы кафджыты къорды «Хонгæ кафт» æмæ Змейкæйы дыккæгæм скъолайы 10-æм къласы ахуырдзау Дарчиты Алинæйы зарæг «Мæ Ирыстон».

Æмæ бацыдысты ерысы Мæргъиты Эдуард (Змейкæйы 1-æм астæуккаг скъола), Гуырцъыты Эдуард (Елхоты 3-æм  астæуккаг скъола), Уртаты Игорь (Хъахъхъæдуры астæуккаг скъола), Хуыбылты Аслан (Елхоты 1-æм астæуккаг скъола), Мамедов Алымбег (Кæрдзыны астæуккаг скъола), Грибов Барис (Елхоты 2-æм астæуккаг скъола), Хъыбызты Батрадз (Змейкæйы 2-æм астæуккаг скъола), Богазты Хъуырман (Елхоты бирæархайдон колледж). Сæ арæхстдзинадæн сын аргъгæнæг уыдыс- ты, «Иудзинад»-ы уæнгтæй дарддæр, Кировы районы Администрацийы æхсæнадимæ бастдзинæдты, фæсивæды æмæ спорты хъуыддæгты хайады сæргълæууæг Джыбылаты Тарзан, районы ахуырады Управленийы хицауы хæдивæг Тæлынты Фатимæ æмæ ацы рæнхъытæ ныффыссæг.

Хуыздæры ном райсынмæ йæ ныфс чи бахаста, уыдон сæ арæхстдзинад æвдыстой кафынæй, зарынæй, аив дзырдæй, ирон кусæнгæрзтæ цавæр хъуамæ уой, куыд хъуамæ ацæуа ирон чындзæхсæв минæвæрттæ арвитынæй суанг чындзы хыз сисынмæ, цы у сæ мидис ирон бæрæгбæттæн æмæ куыд æрвитгæ сты, уыдæттæ зонынæй. Уымæй дарддæр ма лæппутæ дзырдтой сæ мыггæгты равзæрды тыххæй, ссардтой, сæрыстыр кæмæй сты æмæ дæнцæг кæмæй исынц, уыцы разагъды лæгты нæмттæ æмæ бакастысты сæхи фыст нывæцæнтæ «Ирон дæн æз».

Æркасты иу хуызæй иннæйы æхсæн залы бадæг ахуырдзаутæ æмæ сæ ныййарджыты сæ аивадæй хъæлдзæг дардтой Змейкæйы фыццæгæм æмæ Кæрдзыны астæуккаг скъолаты кафджыты къордтæ, Хъахъхъæдуры скъолайы фæндырдзæгъдджыты къорд, Ставд-Дурты æмæ Змейкæйы дыккæгæм скъолайы ахуырдзаутæ Цогойты Мæдинæ æмæ Хуыбылты Илонæ сæ зарджытæй «Ирон чызг» æмæ «Къостайы зарæг».

Зын уыдис æркасты къамисæн хуыздæрты равзарын — иууылдæр сæхи равдыстой сæрæнæй: чи ирон кусæн дзаумæттæ хуыздæр зыдта, кæцы  та зарынмæ кæнæ кафынмæ арæхстджындæр уыдис, аннæ сæ мыггаджы ранымадта æвдæм-фарæстæм фæлтæрмæ. Уæдæ чындзæхсæвы æгъдæуттæ дæр æвзæр нæ зонынц.

— Махæн нæ сæйрагдæр хæс у рæзгæ фæлтæры нæ разагъды фыдæлты æгъдæуттыл фæцалх кæнын, — загъта уæлахиздзауты ранымайыны размæ «Иудзинад»-ы архайæг Токты Валодя. — Цæмæй рæзгæ фæлтæр æнувыд уа Райгуырæн бæстæйыл, уарза мадæлон æвзаг, æгъдау, фарн. Абон дæр та нæ зæрдæтæ барухс сты.  Цы лæппутæ уæм хъомыл кæны, уый у бирæтæн фæзминаг. Уæлдай æхсызгон та уый у, æмæ уырыссаг Грибов Барис æмæ туркаг Мамедов Алымбег ирондзинадыл афтæ æнувыд кæй сты. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ уæ хъæуты цæрæг æндæр адæмыхæттыты минæвæрттæ дæр уарзынц æмæ зонынц ирон æвзаг æмæ æгъдæуттæ.

Стæй Токы-фырт ранымадта уæлахиздзауты. Æртыккаг бынат бацахста Грибов Барис (ахуыргæнæг Милдзыхты Иринæ), дыккаг бынатмæ рацыд Хъыбызты Батрадз (ахуыргæнæг Хъыбызты Раисæ), фыццаг бынат та саккаг кодтой Хуыбылты Асланæн (ахуыргæнæг Хъуылымбегты Зæлинæ).

Фыццаг æртæ бынаты бацахсджыты æмæ сæ ахуыргæнджыты «Иудзинад»-ы минæвæрттæ схорзæхджын кодтой арфæйы фыстæджытæй, зæрдылдарæн лæвæрттæй æмæ æхцайæ. Æркасты иннæ архайджытæ æмæ сæ ахуыргæнджытæ дæр райстой арфæйы фыстæ- джытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Скъолайы æмбырдтæгæнæн           агъуыстмæ цы бирæ адæм æрцыд, уыдон, æвæццæгæн, сæ зæрдыл бадардзысты мæнæ ацы ныхæстæ:

Ирон æвзаг, мæ рухс бæллиц, мæ цин дæ,

Ирон æвзаг — мæ судзгæ уарзт, мæ мæт!

Мæнæн ды амонд, цардхæссæг æхсин дæ,

Цъæх арвы бын дын макуы уæд мæлæт!

КЪУБАЛТЫ Солтан.