Ма хъусут ардауджытæм
21.07.2021 Куыд Уæрæсейы Федерацийы фылдæр субъектты, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр рæзы Ковид-19-æй рынчынты нымæц. Республикæйы разамынд, Уæрæсейы фæлхасады цæстдарды кусджытæ сæ удтæй арт цæгъдынц, цæмæй уыцы æгъатыр низæй адæм къаддæр рынчын кæна.
Цы у сæйрагдæр рыны ныхмæ тохы? Уый у вакцинаци. Мах, хистæр фæлтæры минæвæрттæ, хорз хъуыды кæнæм, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æмæ йæ фæстæ уæззау азты уазал æмæ æххормагæй адæм алыхуызон хæцгæ низтæй куыд рынчын кодтой, уыдæттæ. Уыцы рæстæг æнæниздзинад хъахъхъæнынад ныры хуызæн тыхджын нæ уыд. Уæддæр сывæллонæй райдай æмæ хистæр кары цæрджытæй фæуы – сеппæтæн дæр кодтой прививкæтæ, тынгдæр та тæфсæджы ныхмæ.
Мæ разы республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады Министрады бæрæггæнæнтæ: сусæны мæйы (июлы) 19-æм бонмæ Кировы районы вакцинацигонд æрцыд 1769 адæймаджы. Ацы бæрæггæнæнтæ иннæ районтимæ абаргæйæ сты æппæтæй къаддæр. Зæгъæм, Æрыдоны районы скодтой 3271 адæймаджы. Уыдонæй дыууæ стæм мах (уæ фарн фынæй уæд) нæ бинойнагимæ. Цæмæдæр гæсгæ нæхи районы мах аккаг вакцинæ нæ разынд.
Куыд фыццаг судзин, афтæ нæ дыккаг дæр ницы бахъыгдæрдта: нæхи æнкъарынад æппындæр нæ фендæрхуызон, куыстхъом, цардхъом куыд уыдыстæм, афтæ стæм ныр дæр. Мах дæр кæйдæртау рахъуыды-бахъуыды фæкодтам, цалынмæ нæ чызг, медицинон зонæдты кандидат, Санк-Бетъырбухы медицинон центртæй иуы хайады разамонæг карзæй нæ бафæдзæхста вакцинаци скæнын, уæдмæ (искуы дæр ма хъæбулы зæрдæ йæ ныййарджытæн æвзæр зæгъдзæн?). Æмæ нæ фæрæдыдыстæм.
Уæдæ афтæ, социалон хызæгты цы «хæрзгæнджытæ» «сбадти» æмæ ардауæн æрмæджытæ чи баппары, уыдонмæ нæ хъæуы хъусын. Ахъуыды ма кæнут, цалы цард аскъуыд Ирыстоны пандемияйы аххосæй! Нæ хъысмæт нæхи къухты ис, æнæмæнгæй æххæст кæнын хъæуы медицинон кусджыты амынддзинæдтæ, уыимæ вакцинаци скæнын. Æнæниз ут!
Къубалты Солтан,
Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы
Кировы районы хайады Советы сæрдар.