Новости

Сæнусон сты сæ нæмттæ...

30.06.2021 "Зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд, гъе уым ирон туг дæр ныккалд", — ацы ныхæстæй Ставд-Дурты цæрджытæ райдыдтой сæ иумæйаг æмбырд. Уый арæзт æрцыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азарæй сидзæрæй æмæ идæдзæй чи баззад, уыцы æмхъæуккæгты номыл мемориалон фæйнæг байгом кæныны фæдыл. Йæ бынат та ис, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн хъæугæрон цы цыртдзæвæн "Срæмыгъд" ис, уым.

Ам къæйдурыл фыст сты, нæ бæстæйы сæраппонд йæ цард нывондæн чи 'рхаста, уыдоны нæмттæ. Ставддуртæгты æмæ хъæуæй рацæуæг хистæрты фæндонмæ гæсгæ, æнæ фыд æмæ æнæ бинойнаг цы сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ баззадысты, уыдоны нæмттæ дæр сæнусон кодтой. Мады фæлгонцæн цыртыл бакодтой Фæрниаты Залиханы къам.

Иу минут æдзæмæй алæудæй райдыдта æмбырд. Хъæуы истори æмæ йæ цæрæг адæмы хъысмæтмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæст куыд æгъатыр разынд, уый тыххæй радзырдтой хистæр фæлтæры номæй Гогыцаты Зауыр, æфсæддон службæйы ветеран Бæдтиаты Юри, хъæуæй рацæуæг Хохты Уырызмæг. Уыдон раарфæ кодтой хъæуы сæргълæууæг Уаниты Хъазыбегæн, ацы хъуыддаджы зæрдиаг æххуыс кæй бакодта, уый фæдыл.

Йæ раныхасы Уанийы-фырт загъта:

— Фыццаджыдæр мæ фæнды зæгъын бузныг уе 'ппæтæн дæр, ацы бон нæ фарсмæ кæй æрбалæууыдыстут, уый тыххæй. Арфæ кæнын Дзугкойты Хъазджерийæн (Гадзе) æмæ Бæдтиаты Гришæйæн. Уыдоны хъæппæрисæй рауад абон ацы мысæн бон. Уæлахиз махæн нæ фыдæлтæ балæвар кодтой, æмæ нæ хæс у, цæмæй сæ нымайæм, хъуыды сæ кæнæм, сæ кад сын дæлæмæ ма 'руадзæм. Нæ кæстæрты дæр ацы зондахастыл хъомыл кæнæм.

Æмбырды Черчесты Хъасболаты, Бæдтиаты Юрийы æмæ æндæр фысджыты æмдзæвгæтæ аив бакастысты скъоладзаутæ Гогыцаты Златæ, Дзугкойты Зæринæ, Черчесты Æхсар, Гуыдиаты Аннæ æмæ Токаты Самирæ. Сывæллæтты бацæттæ кодта культурæйы Хæдзары аивады къордты разамонæг Гæгкуты Зæлинæ.


 

СИДАНТЫ Наташæ.