Цæмæн рæзынц æргътæ?
04.06.2021 Хурхæтæны мæйы фыццаг бон Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойæн цы фембæлд уыд дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытимæ, уым æргом ныхас цыд нæ республикæйы дарддæры рæзтыл. РЦИ-Аланыстоны разамонæджы хъуыдымæ гæсгæ, хицауады æрвылбоны архайд хъуамæ арæзт уа адæмы цард фæхуыздæр кæнынмæ.
Журналисттæ радтой фарст хъæууонхæдзарады уавæры тыххæй дæр. С. Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй хъæууонхæдзарадон продукцийы бæрц фаронæй къаддæр нæ уыдзæн. О, фæлæ цымæ пайдагонд цæуы æппæт фадæттæй? Мæнмæ гæсгæ — нæ. Зæгъæм, æрæджы дæр ма Кировы районы хъæууонхæдзарадон продукци уадзджытæ сæ зæххытæй истой халсарты хъæздыг тыллæг. Джитъри æмæ пъамидорæй æфсæстой канд нæхи хъæуты цæрджыты нæ, фæлæ ма халсартæ уæй кодтой фæндагыл цæуджытæн.
Хъыгагæн, хъæууон хæдзарады ацы къабаз сабыргай бамынæг: районы нæй халсартæ куыстгæнæн завод. Кæддæр нæм уыдис дыууæ консервгæнæн куыстуаты — «Елхотаг» æмæ «Кироваг», фæлæ Советон Цæдисы фехæлдимæ уыдон дæр цыдæр фесты. Иннæ къуылымпыдзинад — «æхсæны» лæгтæ. Уыдон асламæй райсынц продукци уадзджыты тыллæг æмæ йæ бирæ зынаргъдæрæй уæй кæнынц. Афтæмæй базарадон æргътæ уæлæмæ-дæлæмæ цæуынц.
Ныртæккæ районы ис æнтыстджын куыстгæнæг хъæууонхæдзарадон куыстадон кооперативтæ, зæхкусæгфермерон хæдзарæдтæ, арендатортæ. Уыдонмæ фаг цæстдард куы уа, уæд сæ продукцийæ базары æмæ дуканиты тæрхæджытæ кæй байдзаг кæндзысты, уый гуырысхойаг нæу.
КЪУБАЛТЫ Солтан,
«Иры Стыр Ныхас»-ы
Кировы районы хайады
уынаффæдоны сæрдар.