Новости

“Ирон дæн æз”

28.04.2021 Елхоты 3-æм скъолайы æмбырдтæ аразæн уæрæх залы кадджын уавæры радон хатт ахицæн   ерысæркаст «Ирон дæн æз»-ы муниципалон этап. Арæзт æрцыд республикон æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы æмæ  Кировы районы ахуырады Управленийы хъæппæрисæй.

Ацы хатт ерыстæ арæзт æрцыдысты, 9-11 кълæсты цы чызджытæ ахуыр кæны, уыдонæн.  Архайдтой дзы аст суинаг чызджы районы скъолатæй: Елхоты 1-æм скъолайы   ахуырдзау Тотыккаты Аминæ (йæ  ахуыргæнæг Гæззаты Ритæ), Змейкæйы 1-æм скъолайы ахуырдзау Хуыбылты Илонæ (йæ ахуыргæнæг Гукова Цезари), Змейкæйы 2-æм скъолайы ахуырдзау Баситы Камиллæ (йæ ахуыргæнæг Хъыбызты Рая), Кæрдзыны скъолайы ахуырдзау Дауиаты Аланæ (йæ ахуыргæнæг Золойты Нанули), Ставд-Дурты скъолайы ахуырдзау Джыгкайты Фатимæ (йæ ахуыргæнæг Тараты Эльвирæ), Елхоты 2-æм скъолайы ахуырдзау Дзæгъойты Кристинæ (йæ ахуыргæнæг Дзгойты Иринæ), Комсомольскы скъолайы ахуырдзау Габойты Алинæ (йæ ахуыргæнæг Дзиуаты Любæ),  Ираны скъолайы ахуырдзау Дзулаты Еленæ  (йæ  ахуыргæнæг Дудайты Маринæ), Елхоты 3-æм скъолайы ахуырдзау Бестауты Аминæ (йæ ахуыргæнæг Танделаты Кетино) æмæ Елхоты бирæвæрсыг колледжы студенткæ Азиты Екатеринæ (йæ ахуыргæнæг Икъоты Хадизæ).Мадзал амонджытæ — Елхоты 2-æм скъолайы ахуырдзау Бибылты Станислав æмæ Елхоты 1-æм скъолайы ахуыргæнинаг Богазты Тамарæ — æппæты фыццаг ныхасы бар радтой æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы бæрнон лæг Мамытты Тамерлан æмæ Æппæтдунеон Æхсæнадон Змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы Кировы районы хайады сæргълæууæг Къубалты Солтанæн. Уыдон раарфæ кодтой ерысты архайæг æрыгон чызджытæн, сæ ахуыргæнджытæн æмæ  бузныг загътой, ирондзинады бæрæгбон  кæй хъæппæрисæй арæзт æрцыд, уыдонæн.Хуыздæры кадджын ном райсынмæ йæ ныфс чи бахаста, уыцы чызджытæ сæ арæхстдзинад равдыстой кафынæй, зарынæй, аив дзырдæй, ныв кæнынæй,  радзырдтой ма  чындзæхсæвы æгъдæуттæ, бæрæгбæттæ, ирон кусæнгæрзтæ, хæринæгтæ æмæ сæ мыггæгты равзæрды тыххæй. Сæ архайдæн сын сыгъдæгзæрдæйæ аргъ кодтой сæрмагонд жюрийы уæнгтæ: Мамытты Тамерлан æмæ Туаты Алан («Иудзинад»-ы бæрнон лæг), Къубалты Солтан, Кировы районы Æхсæнадон палатæйы сæргълæууæг Дзгойты Аллæ æмæ газет «Размæ»-йы сæйраг редактор Милдзыхты Анжелæ.  Алы фæлварæны фæстæ-иу конкурсмæ кæсджыты зæрдæтæ музыкалон номыртæй барухс кодтой æрыгон артисттæ районы скъолатæй. Жюрийы  уæнгтæ та æвæрдтой бæрæггæнæнтæ архайджытæн, аргъ сын кодтой сæ арæхстдзинадæн. Уыдон бахынцгæйæ рабæрæг сты конкурсы уæлахиздзаутæ. Афтæмæй ерысæркаст «Ирон дæн æз» кæронмæ æрхæццæ.Конкурсæй ерыс нæ, фæлæ æцæг бæрæгбон рауад йæ архайджыты æмæ сæ цы ахуыргæнджытæ цæттæ кодтой, уыдоны руаджы. Жюрийы уæнгтæ сæрмагонд арфæ ракодтой  ахуырады Управленийы методист Гаджиты Фатимæйæн æмæ базонгæ кодтой, жюри цавæр хатдзæгтæм æрцыд, уыимæ.Уæдæ æркасты фæстиуджытæ та сты ахæм.  Æртыккаг  бынат бацахста Бестауты Аминæ. Йæ ахуыргæнæг Танделаты Кетиноимæ сын лæвæрд æрцыд фæйнæ 3 мин сомы. Дыккаг бынат бацахста Дауиаты Аланæ. Йæ ирон æвзаджы ахуыргæнæг Золойты Нанулиимæ сын лæвæрд æрцыд фæйнæ 5 мин сомы. Уæлахиздзау Габойты Алинæ æмæ йæ ахуыргæнæг Дзиуаты Любæ хорзæхджынгонд æрцыдысты фæйнæ 7 мин сомæй. Уымæй уæлдай æркаст-ерысы сеппæт архайджытæ æмæ сæ ахуыргæнджытæ хорзæхгонд æрцыдысты Кады гæххæттытæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.


ДЗиуаты Анжелæ.