С праздником вас!!!
02.10.2020 Комсомольскы астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæн зæрдиаг арфæтæ кæнын сæ профессионалон бæрæгбонимæ! Ахуыргæнæджы куыст — рæзгæ фæлтæры хъомыл кæнын — æнæмæнг, у тынг вазыгджын. Æнæнизæй, зæрдæрухсæй кусут уæ бæрнон бынæтты. Æнтыстдзинæдтæ дзы уæ къухты кæддæриддæр æфтæнт! Уæ ахуырдзаутæй уæ сæртæ бæрзæндты куыд хæссат, уыцы амонд уæ уæд!
Зæрдæрухсдзинад уын Хуыцау лæвар кæнæд уæ æрвылбоны архайды! Уæлдай арфæтæ хистæр фæлтæры ахуыргæнджытæ ДЗИУАТЫ Любæ, ДЗАГКОЙТЫ Светланæ æмæ БАГДАНТЫ Неляйæн, кæцытæ сæ зонындзинæдтæ æнæвгъау лæвæрдтой куыд мæнæн, афтæ æппæт ахуыр- дзаутæн дæр. Фарн æмæ амондæй дзаг уæнт уæ алкæйы хæдзар дæр!
АВЛОХТЫ Валери,Комсомольскы хъæуы сæргълæууæг.