Æви сæм нал ис лæгдзинад?
14.09.2020. Æрмæджы сæргондмæ ацы фарст дзæгъæлы хаст нæу. Фысгæ та йæ ныккодтон, æрæджы Хъахъхъæдуры цы «æмбырды» архайдтон, уый фæдыл. «Иры Стыр Ныхас»-ы хистæрты уынаффæдоны сæрдар Томайты Шамил ацы змæлды газеты номыртæй иуы афтæ фыссы: «Бæллæхы уавæры ис ныртæккæйы рæстæджы Ирыстон. Ома æз афтæ нæ зæгъын, æмæ исчи дзаума хъуаг у кæнæ æххормаг æййафы. О, фæлæ цыфæнды цардхъом куы уай, уæддæр кæй хъæуы ахæм цард, дæ миддуне мæгуыр куы уа, куы нæ 'мбарай, цы у кад, намыс, æфсарм, уæздандзинад…» Æз ма йæм бафтауин лæгдзинад.Абоны цивилизаци æмæ глобализаци адæмы зондахаст зыгъуыммæ кæнынц, архайынц, цæмæй сæ истори ферох кæной, се 'гъдæуттыл мауал хæцой. Ахæм адæмимæ кусын æнцондæр у.
Уымæн байдзаг сты социалон хызæг æмæ Интернет алыхуызон æппæрццæг æрмæджытæй, кæцытæ арæзт сты тынгдæр рæзгæ фæлтæры зондахаст зыгъуыммæ здахынмæ.Уыцы маргæйдзаг хъæстæл, æвæццæгæн, фæхæццæ Хъахъхъæдуры фæсивæдмæ дæр. Æндæр ын куыд схонæн ис? Уæлдæр цы æмбырды кой скодтон, уый арæзт æрцыд фæдисы хабары фæдыл: хъæуы лæппуты иу хай йæхи æмбæхсы Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхты рæнхъытæм æрсидтæй. Ранымайæмма, чи 'рбацыд цæрæнуаты сæргълæууæг Дыгуры Зелимы хуындмæ: «Иры Стыр Ныхас»-ы бынæттон хайады сæрдар Белеккаты Эльбрус, бынæттон астæуккаг скъолайы физкультурæйы ахуыргæнæг Дауыраты Максим, хъæуы минæвæртты Æмбырды депутаттæ Къуыллыты Лянæ æмæ Хæтæгты Тимур.Афтæмæй та арвыста цалдæр сидтонмæ сæ ныййарджытимæ. Куыд бамбæрста кæсæг, афтæмæй дзы иунæг дæр нæ фæзынд.Хъахъхъæдуры ацы бынаты равзæрдыл цæуы 180 азмæ хæстæг. Уæдæй абонмæ хъæуккæгтæ бирæ хорз хъуыддæгтæ сарæзтой. Фæцыдысты гуыргъахъхъ, фæлæ фæрнджын фæндæгтыл. Хъæуы фæсивæд кæддæриддæр цæттæ уыдысты райгуырæн уæзæг, Ирыстон æмæ Уæрæсе цыфыддæр знагæй бахъахъхъæнынмæ. Ирон æфсæддоны кад бæрзонд хастой Донайы (1877-1878 азты), Японы (1904-1905 азты), Фыццаг дунеон (1914-1918 азты) хæстыты. Уæдæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты цы лæгдзинад равдыстой, уый бæлвырд фыст æрцыд хъæуы историйы чиныджы «Даргъ-Къох æмæ даргъкъохæгтæ» («Дарг-Кох и даргкохцы»). Стыр бузныг фесты хъæубæстæ чиныг саразджытæй. Уыцы хæстонты хъæбатырдзинæдты тыххæй кæсгæйæ адæймагмæ сæвзæры ахæм фарст: «Ау, абоны Хъахъхъæдуры уыцы бæгъатырты фæдонтæ нæ цæрынц?» Цæрынц. Уымæн æвдисæн сты нæлгоймаг спортсментæ: Белеккаты богал-æфсымæртæ, Бырциаты Георги (рухсаг уæд, æрæджы фæхъуыд не 'хсæнæй, афтæ Белеккаты Елхъан дæр) æмæ ма бирæтæ. Уыдонæй алчидæр кадимæ сæххæст кодта йæ фыртон хæс Райгуырæн бæстæйы цур, уыдис æфсæддон цæттæдзинады раззагдæрты æмрæнхъ. Уыимæ сæ службæйы рæстæг уыдис 2-3 азы, ныр та æрмæст иу афæдз æндæр нæу.Ирыстонæн æнæ Стыр Уæрæсе фидæн нæй. Æмæ кæд егъау бæстæйы цæрджытæ стæм, уæд ын хъуамæ хъæбулы лæггад кæнæм, нæ фыдæлтау йæ сæраппонд цæрддзу кæнын нæ алкæйы хæс дæр у. Æрхæссон та уæлдæр скойгонд Томайты Шамилы рæнхъытæ:Цы у дæ цард, куы нæ кæнай лæггадФыдыбæстæн, дæ адæмæн æнæвгъау,Куы нæ хæссай бæрзонд дæ намыс æмæ кад Ирыстоны сæрвæлтау... Уæдæ афтæ, æфсадæй йæхи чи бааууон кæны, уыдон цыма æххæст лæгтæ не сты, уыйау кæсы адæймагмæ. Æрæджы дæр ма æфсæддон чи нæ уыд, уыцы лæппутæн чызг ничи лæвæрдта, æххæст лæгтыл нымад нæ уыдысты. Уый ахъуыдыйаг у, сæ фыртты æфсадмæ ацæуынæй чи 'мбæхсы, уыцы ныййарджытæн дæр: раст фæндагыл сæ нæ æфтауынц. Рох ма уæд, æнæ 'фсонæй йæхи æрсидты къамисы ацæуынæй чи тылиф кæны, уыдон уголовон бæрнондзинадмæ конд кæй æрцæудзысты, уый дæр.
КЪУБАЛТЫ Солтан.