Новости

ФЫДÆЛТЫККОН УАГ – ЦАРДЫ АЙДӔН

5.08.2020 Фыдæлтæй баззайгæ уаг ирон адæмæн у йæ социалон ахастдзинæдтæ æвдисæн. Зæгъæм: хистæр — кæстæр, нæлгоймаг — сылгоймаг, уазæг – фысым, хион – æддагон, æмгар æмæ къабаздзинад. Уыдоны фæстæ та, бинонтæ æмæ хæстæджыты æхсæн чи цы бынат ахсы, уымæ гæсгæ: хицау – æфсин, ныййарджытæ – цот, мой – ус, тиу – чындз, ходыгъд — чындз, сиахс — каис æмæ афтæ дарддæр. Уыцы уаджы хицæн бынаты æвæрд сты æфсин æмæ чындзы   ахастдзинæдтæ.

Куыд зонæм, афтæмæй ирон хæдзары сылгоймаг у къонайы цæджындз. Зондджын æмæ æгъдауджын сылгоймаг кусы бинонты     æнгомдзинадыл, нæлгоймагæн та йæ тыхыл тых æфтауы.

Ахæм ныхас дæр ма баззад фыдæлтæй: хорз ус бинонты хæзна. Раст у уыцы хъуыды æнæмæнг. Фæлæ сылгоймаг бинонты 'хсæн аккаг бынаты лæуд куы нæ уа, «æз хицау дæн», зæгъгæ, ахæм хъуыдыйыл хæст куы уа, уæд уый хæссы фыдбылыз бинонтæн, халы сын сæ цард. Загъдгæнаг æмæ къæйных сылгоймаг фæсуры хæдзары фарн.

Рагæй æрæгмæ дæр кадджын сылгоймагыл нымад уыдис ахæм чындз, кæцы йæ сæры хицауы (лæджы) бинонтимæ, мыггагимæ, хæстæджытимæ аразы хæлар ахастдзинæдтæ. Сыхæгтæн, уазæгæн зæрдæхæларæй æгасцуай чи фæзæгъы, æгъдау сын чи ратты, ахæм чындзæн, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ кад уæлæмæ цæуы, йæ хорзы кой айхъуысы.

Алы æрыгон сылгоймаг дæр мой куы скæны, уæд æндæр бинонтæм æрцæуы цæрынмæ. Уый хъуамæ хорз æмбара лæджы мад, архайа ног бинойнаджы хæдзары фарныл бафтауыныл. Чындз та, ирон ракуывды куыд загъд ис, йæ райгуырæн хæдзарæй æхсары бæсты æфсарм хъуамæ рахæсса, мæнæ къаннæг суадæттæ стыр донимæ куыд баиу вæййынц æмæ фурдмæ уым иухуызонæй куыд тындзынц, афтæ ног бинойнаг дæр бинонты цардыуаг æндæрырдæм макуы фæзила.

Мойы ныййарджыты хи фыд æмæ мадау йæ зæрдæмæ чи айсы, ахæм чындзытæ бирæ ис нæ алфамблай. Цардысты æмæ уыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран æмæ йæ цардæмбал — фæсчъылдымы фæллойадон фронты архайæг. Схъомыл кодтой чызг æмæ дыууæ фырты. Чызг йæ амонд ссардта, лæппутæ дæр бахъуыддаг кодтой. Хицау æмæ æфсин ног   бинойнæгтæм чындзы номæй никуы сдзырдтой — хуыдтой сæ сæ чызджытæ. Уыдон дæр сæм дзырдтой фыд æмæ мады номæй. Дыууæ хистæры сæ цардæй куы ахицæн сты, уæд сыл чындзытæй чи тынгдæр фæхъыг кодта, уый зын раиртасæн уыд. Рухсаг уæнт хицау æмæ æфсин, дыууæ чындзы абон дæр мадызæнæг хотау уарзонæй цæрынц, хи хъæбултау узæлынц кæрæдзийы цотыл. Кæрæдзи фæдыл ахицæн сты хæстарыд æмæ куыст-вæллад хистæртæ. Сæ чырынты уæлхъус чындзытæн æмæ уыдоны ныййарджытæн бирæ арфæтæ фæкодтой сыхбæстæ, хъæубæстæ, мыггаджы хистæртæ. Æмæ уый цасы аргъ у!

Иу дæнцæг ма. Хицау æмæ æфсин уыдысты хæсты сывæллæтты фæлтæрæй. Сæ хистæр фырт цардæмбалæн бацагуырдта сæхи хъæуккаг чызджы — уæлдæр цы чындзыты кой скодтам, уыдонæй иуы кæстæр хойы. Цард афтæ æрзылд, æмæ дыууæ æрыгон æмкъайæн кусгæ рауад Дзæуджыхъæуы, уыимæ лæппу — стыр бынаты. Йæ кæстæр æфсымæр дæр горæтаг куыстуæттæй иуы бынат ссардта.

Рæстæг цыдис, кæстæртæн фæзындис цот. Уалынмæ хæдзары æфсин æруатон карз низы аххосæй. Чындз æрвыл къуыри тагъд кодта Дзæуджыхъæуæй хъæумæ, æфснайдта хæдзар, хъарм хæринагæй цух нæ уагъта хистæрты. Лæджы мад бынтон куы æруæззау, уæд чындз йæ куыст ныууагъта æмæ йе 'фсины цур уыдис æхсæвæй-бонæй. иуахæмы рынчынфæрсæг сæмбæлдысты чындзы фыд æмæ мад. Рынчын сæ куы федта, уæд йæ цæсгом фæрухс, йæ мæллæг цонг тыхамæлттæй хæрдмæ систа, амонæн æнгуылдз чындзы 'рдæм ацарæзта æмæ тыхулæфтгæнгæ сдзырдта: «Ахæм гуырдтæ бирæ нæй! Сымахæн та стыр бузныг, уыцы чызджы чи схъомыл кодта!» Ныййарджыты уымæй хуыздæр лæвар нæ хъæуы, сæ цотæй сын исчи хорз зæгъа.

О, фæлæ ис ахæм чындзытæ, кæцытæ, цыфæндыйæ дæр мæ мойы ныййарджытæй фервæзон, зæгъгæ, ууыл чи архайы. Йæ цардæмбалы сæр нæ хъуыды кæнгæйæ, хæдзарæй æддæмæ ныхас ахæссы. Бамбарын хъæуы иу æцæгдзинад: мæстыйæ цы зæгъай, ууыл уынджы бафтауынц «къæхтæ» мæ «къухтæ», уыйадыл дамдумтæ сарæх вæййынц. Æмæ уый свæййы фыццаг къахдзæф æрыгон бинонты цард фехалыны фæндагыл.

Чындзæн æнæмæнг нымайын хъæуы, йæ ног бинонты æгъдау, фæткæвæрд. Ууыл лæуд куы уа, уæд суыдзæн æххæстбарджын бинойнаг. Уыимæ йæхи хæдзары хицауæй ма банкъара, ницæй тыххæй æфсинмæ фæстæмæ тыхдзырд ма кæна, уыцы ацæргæ адæймаг дæр йæ рæстæджы чындзы бынаты уыдис. Чызг мой кæнын куы сфæнд кæны, уæд ын йæ ныййарджытæ хъуамæ бамбарын кæной, йæ уарзон адæймаджы йын ныййарджытæ кæй схъомыл кодтой æмæ уыдоны сæр хъуыды кæнын кæй хъæуы…

Ирон царды хистæртæ бинонты 'хсæн кæддæриддæр нымад уыдысты. Чындзæн дæр йæ сомбон зæрондмæ кæй цæуы, уый гуырысхойаг нæу. Уымæ гæсгæ йæ хистæртæм цы цæстæнгас дара, йæ цот дæр æм раст ахæм цæстæй кæсдзысты. Сывæллæттæн ныййарджытæ алы хъуыддаджы дæр дæнцæг кæй сты, уый гуырысхойаг нæу. Зæгъæм, чындз йæ мойы хæстæджытæй чысыл сабиимæ куы дзура, уæддæр йæ ныхасы уаг хъуамæ уа фæлмæн, рæвдаугæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ хæстæ ис æфсиныл: хъуамæ уа куырыхон, чындз цы нæ зоны, уымæй йын зæрдæхæларæй феххуыс кæна. Сыхæгтæн, хиуæттæн ног бинойнаджы кой хъуамæ макуы ракæна. Иудадзыг æм схуыстæй куы дзура, уæд уый дæр къæйных кæны. Уæлдæр цы æфсинтæ æмæ чындзыты кой скодтам, уыдоны бафæзмын у стыр хорздзинад.

Царды кæрæдзийы æмбарынæй хуыздæр ницы ис. Хæдзары фарн лæууы уарзондзинадыл, æмæ алкæйы хæдзары дæр æрбынат кæнæд.


 

ÆГЪУЫЗАТЫ А.