Новости

Бонвæрноны ферттывд

3.08.2020“Сæууон стъалы”, “арвы ферттывд”, “Бонвæрнон”, аивады хæрдгæ хæлттæй быд» – ацы эпитеттæ иууылдæр загъд æрцыдысты Хъамбердиаты Мысосты тыххæй, зæгъгæ та сæ кодтой ирон æмæ уырыссаг литературæйы зындгонддæр фысджытæ æмæ литературæ иртасджытæ.

Джыккайты Шамил куыд загъта, афтæмæй, ирон поэттæй советон дуджы æппæты номдзыддæр уыдис Хъамбердиаты Мысост. Æвзонг поэт литературæмæ æрбацыд ныфсджын æмæ барджынæй, сæудары Бонвæрнон куыд фæзыны, афтæ.

Бонвæрнон – сæууон стъалы йæ уымæн хоны Шамил, æмæ уыцы стъалыйау хæрз цыбыр уыди йæ цард! Адæймаг уыцы кары хуызæнæн дæр нæма бамбары, царды нысан цы у, уый дæр. Мысост та сси æмæ баззади «номдзыд», «курдиатджын» поэтæй, «Ирыстонæн йæ райсоммæ кувæг, йæ цин æмæ йæ уалдзæджы зарæггæнæг»-æй.

Хъамбердиаты Бимболаты фырт Мысост райгуырдис Кæрдзыны хъæуы 1909 азы 9 июны.

Йæ фыд Бимболат куыстагур афтыд Донбассмæ æмæ акодта уырдæм йæ бинонты дæр, фæлæ дзы бирæ нæ фесты.1915 азы фæстæмæ æрыздæхтысты сæ райгуырæн хъæумæ. Мысост Кæрдзыны скъолайы каст фæцис фыццаг кълас, стæй ацыд Мæздæджы реалон училищемæ, 1919 азы та – Налцыччы реалон училищемæ.

Ахуыр кодта тынг хорз, æрмæст æнæ йæ бинонтæ йæ бон нæ уыд цæрын æмæ афæдзы фæстæ æрбаздæхт сæхимæ. Уæд æй йæ фыд радта Æрыдоны скъоламæ. Бимболат куыстагур рахау-бахау кодта, кæд мæ цоты ахуырмæ раттин, зæгъгæ.

1923 азы Хъамбердиатæ алыгъдысты Горячеводскмæ. Ам Мысост бацыд фæскомцæдисы рæнхъытæм. Æвзонг лæппу æнувыдæй куыста фæсивæдимæ районы сывæллæтты бюройы сæргълæууæгæй. Уыцы заман фыццаг хатт мыхуыры фæзындысты йе ’мдзæвгæтæ.

Мысост куы æрыздæхт Дзæуджыхъæумæ, уæд куыста газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Власть труда»- йы (ныры «Северная Осетия»). Ацы газеты фæрстыл фæзындысты йе ’мдзæвгæтæ иронау æмæ уырыссагау.

1927 азы рацыд йе ’мдзæвгæты æмбырдгонд «Уадындз». Ам сæрттывта Мысосты поэтикон дæсныйад: айстой йæ Фысджыты цæдисмæ, уырдыгæй та йæ арвыстой Мæс-куымæ ахуыр кæнынмæ Луначарскийы номыл аивæдты рабфакмæ.

Айларты Зарæ афтæ фыссы йе 'рмæг «Æдзард зынгхуыст…»-ы литературон-аивадон æмæ æхсæнадон политикон æрвылмæйон журнал «Мах Дуг»-ы: «Мысост 1930 азы æрыздæхт Дзæуджыхъæумæ æмæ райдыдта кусын газет «Власть труда»-йы редакцийы. Фæлæ йæ бирæ сфæлдыстадон бæллицтыл тых кæнын райдыдта рæуджыты тарф низ. Уыцы аз, фæззæджы, Цхинвалы уыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны фысджыты фыццаг иумæйаг съезд. «Иу изæр бадтыстæм, съезд цы залы уыд, уым фæсте, æз æмæ Мысост – дыууæ кæроны, не ‘хсæн – Дзерассæ, – фыссы Дзанайты Иван йæ мысинæгты. – Тынг хъæлдзæг уыдыстæм. Уалынмæ Мысост схуыфыд, йæ кæлмæрзæн фелвæста йæ дзыппæй æмæ дзы йæ дзых ахгæдта. Кæлмæрзæн тугæй айдзаг ис. Фæтарстыстæм. Рауадыстæм æддæмæ. Скодтам æй, цы уаты цардыстæм, уырдæм. Æрхуыссыд æмæ та худын райдыдта: «Уый ницы у. Хъуыды дæр æй ма кæнут!» Дарддæр Нигер мысы, Мысосты уæд рынчындонмæ кæй аластой, æмæ та райсомæй фæстæмæ кæй æрбамидæг худгæйæ…

…Нигер зæрдæрыстæй фыссы йæ уарзон æвзонг поэты фæстаг бонты тыххæй: «Ссыдтæн æм. Бакастæн, цы уаты хуыссыд, уырдæм. Сынтæгæй нал зынди; батади, баруадис, цæсгом хилæй нал зынди. Куы мæ федта, уæд ма базмæлыныл афæлгъуыдта, фæлæ… нал. Бæрæг уыд, йæ кæрон кæй æрхæццæ ис, уый. Мæ зæрдæ суынгæг ис, æмæ рацыдтæн. Райсомæй мын раджы фехъусын кодтой йæ амæлæты хабар», – фæцис йæ ныхас Иван. Уый уыд 1931 азы 5 декабры. Уæд Мысостыл цыд дыууæ æмæ ссæдз азы…»


 

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта СУГЪАРАТЫ Елизаветæ.