Новости

Ирон дзырд у æрвон хотых

17.07.2020 Кокайты Тотрадзы ном рагæй хъуыстгонд у Ирыстоны цæгатæй-хуссармæ. Йе 'мдзæвгæтыл фыст зарджытæ систы æцæг адæмон. Йæхæдæг та у ирон дзырдæн уæхскхуызæй чи лæггад кæны, уыцы абоны куырыхон хистæртæй. Куыд сфæлдыстадон кусæг æмæ æцæг ирон лæг, афтæ разы нæу, бирæты зонды цы хъуыдыйад ныффидар «Не `взаг-нæ хæзна», зæгъгæ, уыимæ. Мæнæ куыд фыссы йе 'мдзæвгæтæй иуы:

Ма мын дзурут: «Не 'взаг у нæ хæзна!» —

Ахæм загъдыл разы нæу мæ зонд.

Алы дзырды хъуамæ хуры уæз уа,

Хъуамæ гæрда фидæнмæ фæндаг!

Тотрадзы хъуыдымæ гæсгæ, абоны бон сæйрагдæр хæсыл хъуамæ нымаиккам, нæ фыдæлтæй нæм цы 'взаг æрхæццæ, Хетæгкаты Къоста нын цы литературон æвзаг ныууагъта, уый бахъахъхъæнын. Уымæн æмæ нæ уый фæхицæн кæнын нæ уадзы, сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы историйæ. Цы у нæ ирон фарн? Уый арф æвæрд у нæ удыхъæды, адæймагуарзондзинады æмæ нæ рæстдзинады. Уымæй дарддæр нæ кæрæдзийыл бæтты нæ алæмæты ирон Æгъдау.

Национ телеуынынад «Осетия-Ирыстон» кусын куы райдыдта Цæгат Ирыстоны, уæдæй фæстæмæ Æппæтду-неон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы разамынд æмгуыст кæны тележурналисттимæ. Арæх рахæссы кæс- джыты рæгъмæ нæ абоны риссаг фарстытæ: æвзаг, æгъдау, æфсарм, фарн. Уæдæ телеуынады ирон равдыстыты редакцийы кусджытæ, уацхæсджытæ сæхæдæг дæр архайынц, куыд сæ амал у æмæ сæ рæстæг цас амоны, уымæ гæсгæ ирон æвзаг парахат кæныныл. Арæх студийы уазæгуаты вæййынц «Иры Стыр Ныхас»-ы координацион уынаф- фæдоны сæрдар Кучиты Руслан, йæ хæдивджытæ Еналдыты Хъазыбег æмæ Æлборты Иван, æхсæнадон змæлды ирон æгъдæутты комитеты уæнгтæ.

Бæрнон лæгты раныхæсты сæйрагдæр хъуыды вæййы иу: мадæлон æвзаг у адæмы фарн æмæ æгъдау иу фæлтæрæй иннæмæ адæттыны сæйрагдæр фæрæз. Ноджы ма баст у, ирон адæмы æнусон цырагъ Къоста йæ уды цæхæрæй цы «Ирон фæндыр» сфæлдыста, уыимæ. Нæ куырыхон лæджы зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ систы ирон адæмы тырыса сæ дзыллæйы сæраппонд рæстдзинадыл тохы.

Сæдæ æхсай азы рацыд, ирон адæмы иу хай Туркмæ куы алыгъд, уæдæй. Уыцы бæстæйы, кæй зæгъын æй хъæуы, нæдæр ирон газет, радио кæнæ телеуынынад ис. Уæдæ сахарты уынгты туркаг æвзаг йеддæмæ æндæр æвзагыл дзурыны бар нæй. Фæлæ куыд æхсызгон вæййы, ирон адæмы съездты, национ телеуынынады абоны туркаг ирæттæ мадæлон æвзагыл сыгъдæг куы фæныхас кæнынц, уæд. Цымæ цæмæн афтæ у? Ацы фарстæн ис æрмæстддæр иу дзуапп: бинонты хистæр йæ кæстæрæн хæдзары æндæр æвзагыл дзурыны бар нæ дæтты. Махмæ та? Ацæргæ сылгоймаг йæ хъæбулы хъæбулмæ къуызгæ уырыссагау дзуры, афтæмæй нæ мадæлон æвзаг у фæзминаг, йæ рæсугъд уидæгтæ сты хъахъхъæнинаг.

Адæймагæн йæ удварнмæ хонæг фæндæгтæй иу у æгъдау. Уый у нæ царды бындур. Æгъдау куы нал уа, уæд нæ цард сæмтъеры уыдзæн. Хъыгагæн, нырма ис ахæмтæ, «Иры Стыр Ныхас»-ы координацион уынаффæдоны уæнгты, йæ æгъдæутты комитеты амынддзинæдтæ мурмæ дæр чи нæ дары. Уый раст нæу. Адæймаг хъуамæ æппæты фыццаг йæхицæн кад кæна, стæй та иннæтæн. Ома, раздæр алчидæр йæхи æгъдаумæ æркæсæд, йæ зонд саразæд нæ куырыхон лæгты амынд фæндагыл. Æгъдауджын адæймагæн йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдзæн æвзæрдзинад саразын.

Æвæдза, цас знаггад æрхаста, фыццаг афтæ чи загъта, ирон æвзаг Елхотæй дарддæр нæ хъæуы, зæгъгæ, уый! Ау, Къоста дæлæ Хъæрæсейы куы царди, уый фæстæ та Стъараполы, Бетъырбухы, Херсоны æмæ йæ мадæлон æвзагыл куы нæ суæлхох, йæ æрдхæрæны «Ирон фæндыр» уымыты куы фыста! Стæй йæ рæстæджы йе 'мдугон ирон фысджытæ скъолаты ирон æвзаг нæ ахуыр кодтой. Уыдонæн сæ фыссæн систы бынæй мадæлон æвзагыл цы диссаджы уацмыстæ рацыд, уыдоны тæлмац кæнынц æрмæст нæ бæстæйы адæмыхæттыты æвзæгтæм нæ, фæлæ ма суанг фæсарæйнаг æвзæгтæм дæр.

Мадæлон æвзаг зонын æмæ уарзын у Фыдыбæстæ зонын æмæ уарзынау. Ирон сывæллон та ирон кæй у, уый хъуамæ зона, сæрыстыр уа уымæй. Хъыгагæн, æхсæнады нæ мадæлон æвзаг фаг нæ хъуысы, скъолаты дæр ирон æвзаджы урочытæ къаддæрæй къаддæр кæнынц, рæвдауæндæтты ахуыры программæтæ арæзт сты уырыссаг æвзагыл. Ахæм уавæр уынгæйæ сывæллон æмбарын райдайы, мадæлон æвзаг æхсызгон кæй нæ хъæуы, уый. Кæсы цардмæ æмæ уыны: хорз чи цæры æмæ хорз бынаты чи кусы, уыдон фылдæр хатт иронау дзургæ дæр нæ кæнынц. Æмæ æвзонг зæрдæты фидар кæны ахæм хъуыды: æвæццæгæн афтæ æмбæлы.

Абон нæ мадæлон æвзаджы хъысмæтыл зæрдиагæй чи мæт кæны, уыдон сты не сфæлдыстадон интеллигенци æмæ ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ. Арфæйаг сты Кировы районы мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæ дæр, номæй номмæ сæ нæ нымайдзынæн. Æрæджы сæ ацы рæнхъытæ фыссæг иу æрмæджы раппæлыд, скодтон дзы фондзы кой, кæронбæттæны та ныффыстон «æмæ иннæтæ». Уыцы «иннæтæй» иуæн хъыг уыд, уыцы фондзы номхыгъдмæ кæй нæ бахауд, уый. Хатыр дзы курын, æрмæст зæгъын: æппæты ранымайынæн фадат нæ уыд.

Ирон æвзаг æмæ нæ алæмæты æгъдæуттæн кæрæдзийæ фæхицæн кæнæн ницыхуызы ис. Бæласæн йæ уидæгтæ куы алыг кæнай, уæд бахуыскъ уыдзæн. Цæмæй нæ адæмыл ахæм æвирхъау цау ма æрцæуа, уый тыххæй нæ нæ иудзинадыл хъæуы тох кæнын. Ууыл у йæ архайд уæлдæр скойгонд «Иры Стыр Ныхас»-æн. Æхсæнадон змæлды разамынд, йæ æгъдæутты комитет сæ куысты сæйрагдæр рæзгæ фæлтæры хъомылад кæй у, уымæй раст кæнынц. Бæлас, дам, талайæ тасаг у, фæзæгъынц. Æрыгæтты зæрдæты абон цы зонындзинæдтæ бауадзæм, уыдон зæры бонмæ дæр нæ ферох кæндзысты.

Ныхас дæр ыл нæй, рæзгæ фæлтæрæй бирæтæ кæсынц æцæгæлоны цæстæй нæ мадæлон æвзагмæ, ирон æгъдæуттæм, нæ культурæйы хæзнадонмæ. Къух исынц нæ фарн æмæ намысыл. Фæзмынц фæсарæйнаг мæнгкультурæ. Кæронбæттæны мæ фæнды æрхæссын мæ хорз зонгæ поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл лауреат Ходы Камалы рæнхъытæ:

Кæстæры куывдæн чъирийаг ирон куырой æрыссæд,

Ирон кæртæй ирон ныхас æхсæры къæрццау хъуысæд!


 

КЪУБАЛТЫ Солтан,

журналист, Цæгат Ирыстоны

культурæйы сгуыхт кусæг.