Новости

С Днем защиты детей!!!

Сæрды фыццаг бон дунейы бирæ бæстæты бæрæггонд цæуы сывæллæтты хъахъхъæныны Бон. Ацы бæрæгбон ма иу æвдисæн у, рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ мах, хистæртæ, цы стыр æргом хъуамæ здахæм, уымæн. Адæймагæн йæ сабидуг уæлдай ахсджиагдæр уымæн у, æмæ уæд цæуы бындурæвæрд йæ зондахастæн, куыд адæймаг, куыд гражданин, кæцы стыр аргъ кæны йæ ныййарджытæн æмæ бирæ уарзы йæ райгуырæн æмæ йæ цæрæн бæстæ.

Цæмæй не 'взонг цæрджытæ рæзой æцæг патриоттæй, фæразон уой зындзинæдтæн, цæмæй æмхиц уой ахуырмæ, сфæлдыстадмæ, уый тыххæй сывæллон хъуамæ йæхиуыл æнкъара ныййарджыты, хъомылгæнджыты, ахуыргæнджыты аудындзинад. Бæрæгбоны къæсæрыл нæ зынаргъ æвзонг хæлæрттæн мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, хурджын сæрд, хорз фæлладуагъд æмæ зæрдылдарæн фембæлдтытæ!


 

ДЫГУРЫ Зелим,Хъахъхъæдуры хъæуы сæргълæууæг.