Новости

С праздником вас!!!

1 июны зæххы къорийы алы бæстæты бæрæг кæнынц сывæллæтты хъахъхъæныны Бон. Ацы зæрдæмæдзæугæ бæрæгбон ма нын нæ зæрдыл æрлæууын кæны, алкæцы сывæллоны сабидуг дæр æхсызгон, æнæферохгæнгæ æмæ амондджын кæй хъуамæ уа, уый. Сывæллæттыл аудын, сæ ахуырад, сæ удварн æмæ се уæнгты хъаруйы рæзтæн ахъаз кæнын мах, хистæрты, хæс у.

Сабитæ сты нæ царды сæйрагдæр хъомыс. Уыдоны æрмæст нæхи фидæн нæ уынæм, фæлæ уыдонæй аразгæ уыдзæн Ирыстон æмæ æппæт Уæрæсейы фидæн дæр. Не 'ппæт дæр хъуамæ æмбарæм: сабийы амондæн бирæ нæ хъæуы — уарз æй, уарзондзинад та у лæмбынæг цæстдард æмæ аудындзинад. Уадз æмæ æппæт Ирыстоны иудадзыгдæр хъуыса сывæллæтты хъæлдзæг худт!


УАНИТЫ Хъазыбег,Ставд-Дурты хъæуы сæргълæууæг.