Новости

Уважаемые кировчане!

Сыæвæллæтты хъахъхъæныны Æппæтдунеон бон баиу вæййы сæ æнæмæтдæр рæстæг — сæрдыгон каникулты райдайæнимæ. Хъæуы цæрджытæ уæлдай тынгдæр аудынц сывæллæттыл, алкæцы бинонтæн дæр ноггуырд саби хæссы стыр æхсызгондзинад, йæ райгуырды бон свæййы бæрæгбон.

Æмæ æрмæст мад, фыд, мыггагæн нæ, фæлæ æнæхъæн хъæуæн дæр. Фидарæй мæ уырны, цас фылдæр сывæллæттæ нæм уа, уыйбæрц хъомысджындæр уыдзæн нæ наци, уыйбæрц хъаруджындæр уыдзысты нæ хъæуты бирæнацион адæм. Абоны сывæллæттæ райсом суыдзысты Ирыстон æмæ Уæрæсейы фидæн. Уадз æмæ уыдон алкæддæр уой хъæлдзæг æмæ амондджын!


ПЛИТЫ Вадим,Ираны хъæуы сæргълæууæг.