Нæ зынаргъ ветерантæ, Фыдыбæстæйы стыр хæсты æмæ фæсчъылдымы фронты архайджытæ!
Зæрдиагæй уын арфæ кæнын Уæлахизы боны фæдыл! 9-æм Май у нæ Фыдыбæстæйы героикон историйы сæйраг бæрæгбон, знагæй Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ иу хæдзары бинонтау цы адæмтæ сыстад, уыдоны æнæбасæтгæ лæгдзинады æмæ æнæфæцудгæ æфсымæрдзинады æвдисæн.
Советон Цæдисы хъайтарты æмрæнхъ нæ районы æмæ Хъахъхъæдуры хъæуы цæрджытæ дæр тох кодтой знаджы ныхмæ Сырх Æфсады рæнхъыты æмæ партизанты къордты. Уæлахиз нын чи 'рхаста, уыцы æмзæххонты нæмттæ хъуыды кæндзыстæм кæддæриддæр. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, сабырдзинад, царды хорздзинæдтæ æмæ фæрныгад алы хæдзары дæр уæнт!
ДЫГУРЫ Зелим, Хъахъхъæдуры хъæуы сæргълæууæг.