Ӕмæ та нæм æрцыди Стыр Уæлахизы бæрæгбон!
Ацы хатт æм ноджы тынгдæр æнхъæлмæ кастыстæм, уымæн æмæ у юбилейон: 75 азы размæ Советон Цæдисы бирæнацион адæмыхæттытæ фæуæлахиз сты цыфыддæр знагыл — фашистты лæгхортыл. Цасфæнды рæстæг куы рацæуа, уæддæр нæ ферох уыдзæнис сæ хъæбатырдзинад, сæ цард нывондæн кæй æрхастой Райгуырæн бæстæйы сæраппонды тыххæй.
Куыд нæ уæм сæрыстыр уыцы фæлтæрæй! Куыд нæ дарæм нæ зæрдыл æмæ сæ арфæйаг куыд нæ уæм! Уый у не 'ппæты хæс дæр æмæ нæ рох ма уæд.Мæ зынаргъ æмхъæуккæгтæ! Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад! Фыдбылызæй хызт ут æмæ уæ кæстæрты рухсæй бафсæдут! Макуы бавзарут, нæ хистæр фæлтæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цы зындзинæдтæ бавзæрста, уыдон!
АВЛОХТЫ Валери,Комсомольскы хъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг.