Новости

«Размæ»-йы зынаргъ кусджытæ!

Арфæ уын кæнын газеты 85 азы юбилейы фæдыл! Сымах фæрцы дунейы рухс фенынц нæ хъæуты раздæры æмæ абоны царды хабæрттæ. Афойнадыл фæхæццæ кæнут хъæуты цæрджытæм, районы æмæ республикæйы цы цаутæ цæуы, уыдон. Рæгъмæ рахæссут сæ тыхстаг фарстатæ, фæагурут, хуыздæр сæ куыд банывылгæнæн ис, ахæм фæндæгтæ.

Уыдæттæ конд цæуынц нæ уарзон Ирыстоны рæсугъд абон æмæ фидæны сæраппонд. Уæ архайд рæзгæ фæлтæртæн стыр ахъаз у нæ истори, культурæ, нæ ирон æвзаг хуыздæр базонынæн. Сымахмæ ис стыр фæлтæрддзинад царды æцæгдзинæдтæ ‘вдисыныл зæрдиагæй архайды, кæддæриддæр вæййут рæстуд. Уæ хъазуатон куысты, равзæрст дæсныйадыл уæ зæрдæ кæй нæ ивут, йæ ахадындзинад ын бæрзонддæр кæй кæнут, уый тыххæй уын бузныг зæгъын. Ацы юбилей уæ алкæмæн дæр суæд йæ куыстæй сæрыстыр уæвыны мадзал! Уе 'ппæт хъуыддæгты дæр æнтыстджын, амондджын æмæ фæрнæйдзаг ут!


ДЫГУРЫ Зелим, Хъахъхъæдуры хъæуы сæргълæууæг.