Новости

Зынаргъ газет «Размæ»-йы кусджытæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын газеты 85 азы юбилейы фæдыл! Районы æмæ республикæйы æрвылбонон цард хатгæйæ, æрцæуæг цаутæ дзыллæты рæгъмæ æнæхинæй рахæссут, уе 'ргом здахут ахсджиаг фарстатæм, стæй не 'мзæххонты зындгонд æнтыстдзинæдты тыххæй сæрыстырæй радзурут.

Æхсæнадон-политикон цард æвдисгæйæ, сымах кæддæриддæр вæййут раззагдæртимæ. Уæлдай зæрдиагдæр арфæтæ кæнын мыхуыры кусджыты хистæр фæлтæрæн, дзыллæтæ разы кæмæй сты, арфæйаг профессионалон æгъдæутты æмæ журналисты дæсныдзинады бындуртæ чи сæвæрдта, уыдонæн. Уæ зын, фæлæ хъæугæ фæллойы тыххæй арфæ кæнын уе 'ппæтæн дæр! Кæддæриддæр æнтыстджын уæвгæйæ, амонд æмæ фæрныгадæй хайджын ут!


УАНИТЫ Хъазыбег, Ставд-Дурты хъæуы сæргълæууæг.