Новости

Нæ зынаргъ районы газеты кусджытæ!

 «Размæ»-йы 85 азы юбилейы фæдыл уын зæрдиаг арфæ кæнын! Ахсджиаг хабæрттæ дзыллæты рæгъмæ хæсгæйæ, районы газеты журналисттæ сæ куыст æнæхинæй æмæ бæрнонæй æххæст кæнынц. Газеты юбилейы бон уын бузныг зæгъын, уæ равзæрст хъуыддагыл уæ зæрдæ кæй нæ ивут, цыргъ фыссæн сисы фæрцы та амæйай вазыгджындæр æмæ уæззаудæр фарстатæ кæй сисут, уый тыххæй. Мæ зæрдæ уын зæгъы сфæлдыстадон разæнгарддзинад, мидисджын темæтæ, хорзæрдæм ивддзинæдтæ æмæ алыхуызон æнтыстдзинæдтæ! Газеткæсджытæ уæ алы дзырдæн дæр кад куыд кæной, уавæр та бæлвырд хъуыддæгтæй фæхуыздæр кæнынмæ куыд тырнат, афтæ!


ПЛИТЫ Вадим, Ираны хъæуы сæргълæууæг.