Фæллойы æхсыст сылгоймаг
Цалдæр азы размæ редакцийы хæслæвæрдмæ гæсгæ хъуамæ ныффыстаин елхотаг сылгоймæгтæ, сыхæгтæ Къæбулты Аня, Цхуырбаты Рая æмæ Къæбулты Фатимæйыл. Сæ заманы алы азты куыстой колхоз «Кавказ»-ы хъугдуцджытæй. Уæд сæмбæлдтæн æрмæстдæр Аня æмæ Раяйыл, хъыгагæн, абон цардæгас нал у. Фатимæ уыцы рæстæг уыдис Дзæуджыхъæуы рынчындонтæй иуы, æмæ мæ къухы нæ бафтыд йемæ аныхас кæнын.
Хæрз æрæджы фембæлдыстæм, æмæ мын Фатимæ фæкодта йæ царды хабæрттæ. Йæ фæллойадон фæндаг райдыдта нудæсаздзыдæй. Уæдмæ уыдис Къæбулты чындз. Йæхæдæг та чызгæй у Цхуырбатæй. — Цасдæр рæстæг фæкуыс- тон Елхоты консервгæнæн заводы дыргъдоны, — дзуры йæ мысинæгтæ Фатимæ. — Стæй мæ уæд Чеджемты Лев, рухсаг уæд, æрæджы фæзиан, сæргълæууæг цы фермæйæн уыдис, уырдæм хъугдуцæгæй акодта. Саулохты Юри та дзы зоотехникæй куыста. Фæстæдæр та Юри сси, Парцтаджы комы цы æхсырытоварон фермæ уыдис, уый сæргълæууæг. Æз дæр уырдæм ацыдтæн. Стыр хъыгагæн, Советон Цæдисимæ фехæлдысты колхозтæ дæр. Ницæимæ ис абарæн уыцы рæстæджытæ, уæлдайдæр та иумæйаг хæдзарадæн Сæлбиты Альберт разамынд куы лæвæрдта, уæд. Куыд сæрдар, афтæ кусджытыл йæ аудындзинад бæлвырд бæрæг дардта. Искæуыл-иу зиан куы 'рцыд, уæд æххуыс кодта, йæ къух куыд амыдта, афтæ: дзулæй, пырындзæй, суанг зетийы онг.Колхозы фехæлды фæстæ Саулохты Юри фермерон хæдзарад куы сарæзта, уæд та уым райдыдтон кусын хъугдуцæгæй. Зæгъæн ис, æмæ иу фермæйæ иннæмæ ныр 24 азы дæргъы иумæ кæнæм æмдзу. Мæ чызг Гитæ Комсомольскы хъæумæ Уалытæм мойгонд у, мемæ кусы. 27 хъуджы кæм къухæй, кæм сæрмагонд аппаратæй дуцæм. Фæллайгæ дæр куыннæ бакæнын, уымæн æмæ азтæ сæхиуæттæ домынц, фæлæ, табу Хуыцауæн, архайын. Стæй Юрийы фæрцы цæуын размæ. Кæм хъæуы, уым мын æххуыс кæны. Æз дзы бузныг дæн. Кæрæ- дзийæн куы нæ уæм, уæд куыд! Разы у Фатимæйæ Юри дæр.— Ныр ацалауал азы иумæ кусæм, — дзырдта мын, телефонæй йемæ ныхас кæнгæйæ, Саулохыфырт, — æмæ дзы ницæмæй рахъаст кæндзынæн. Фæллойы бахсысти, зæгъгæ, ахæм адæймæгтæй фæзæгъынц. Хуыцау ын йæ хъару бирæ скæнæд.— Куыст мæнæн мæ ирвæзынгæнæг у. Мæ зæрдæйы рыстæй рæстæгмæ фервæзын. Ме знагæн дæр йæ хъæбул ма бабын уæд. Мæнæн та цыппарæй бацарæфтыд сты, — йæ мысинæгты хал балхынцъ кæнгæйæ загъта Фатимæ.Ацы ныхæстæм йæ кæуын йæ хъуыры абадти, æмæ куыннæ абада, æгæр фæразондæр ма у. Къæбултæм куы æркуывта, уæд сын йæ цардæмбал Сергеимæ дунейы рухсмæ рацыд æхсæз чызджы æмæ цыппар лæппуйы. Амондджын хуыдтой сæхи ныййарджытæ. Уал сывæллоны хæ- дзары хъæздыгдзинад сты, фæлæ… Сергей йæ цотыл цин кæнынæй нæ бафсæсти. Раджы ахицæн а дунейæ.Царды уæз йæ сывæллæттимæ иумæ æрæнцадис Фатимæйы уæхсчытыл. Нæ фæцудыдта, фæлæ цæмæй зыдта, цы йæм æнхъæлмæ кæсы дарддæр, цы стыр къæрццытæ йыл ауайдзæн, хъысмæт æй æгъатырæй куыд фæлтæрдзæн, йæ цыппар фырты йын йæ зæрдæйæ куыд стондзæн, уый. Цыппарæй дæр хæрз æрыгонæй, сæ иуыл цыдис æрмæстдæр æхсæз азы, бацарæфтыд сты трагикон æгъдауæй. Сæ сау сынтытæ сæ фыды уæзæгмæ ласинаг фесты. Куыд фидар разындис мæгуыр мады зæрдæ! Йæхи ныддур кодта, йæ чызджытæн нымд кæнгæйæ. Уыдоны сусæгæй та йæхи йæ цæссыгæй æхсадта. Бон ын æхсæв нæ кодта, æхсæв — бон.Афтæ фæзæгъынц, рæстæг, дам, судзаг хъæдгæмттæ дзæбæх кæны, фæлæ хъæбулы рыстæн хосгæнæг хос не ссардзæн. Абон йæ чызджытæ æмæ уыдоны кæстæртæ сты йæ удлæууæн. Фондз хистæрæн сæхицæн ис бинонтæ. Хоты кæстæр кæд Норильскы цæры æмæ кусы, уæддæр йæ амал куыд у, афтæ йæ мады æнæ бæрæггæнгæ нæ уадзы. Фатимæйæн нæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад, зындзинад макуыуал фенæд, чи йын ис, уыдоны рухсæй бафсæдæд!
ТЫЛАТТАТЫ Светланæ. Къам систа КЪУБАЛТЫ Аркади.