Новости

Сылгоймаг, ахуыргæнæг, ныййарæг…

Ацы æрмæг кæй тыххæй фыст у, уыцы адæймаг уацхъуыды сæйраг хъайтарæй хуымæтæджы æвзæрст не 'рцыд. Елхоты йæ стæм адæймаджы нæ зоны. Дамзаты-Бæройты Аллæ — Цæгат Ирыстоны Сгуыхт ахуыргæнæг, кæцы 43 азы æнæзæрдæхудтæй фæфыдæбон кодта ахуыргæнæгæй, уыдонæй дыууиссæдз азы — Елхоты 3-æм скъолайы.

Аллæ райгуырд æмæ схъомыл Ног Бæтæхъойы. Хъæууон скъолайы 8 къласы фæстæ йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кодта Беслæны 2-æм скъолайы. Уый æнтыстджынæй каст куы фæци, уæд бацыд ахуырмæ Дзæуджыхъæуы педагогон училищемæ. Советон рæстæджы, не 'ппæт дæр æй зонæм, иунæг специалист дæр цæттæ дипломимæ æгуыстæй нæ баззадаид. Аллæ æмæ йе 'мбалы арвыстой райдайæн кълæсты ахуыргæнджытæй кусынмæ Ольгинскæмæ.

Дыууæ æрыгон   ахуыргæнæгмæ радтой бацæттæгæнæн кълæстæ, цæмæй райдайæнæй æмхуызон ацæуой ахуырады фæндаджы æмвæзадыл.

1979 азы Дамзаты чызг фарны къах æрбавæрдта елхотаг Бæройты Хъазыбеджы хæдзармæ. Куысты бынатæн дæр æнæбаивгæ нал уыд. Раздæр уал ын фæцис фадат кæйдæр баивын Елхоты 8-азон скъолайы иу мæйы бæрц. Уый фæстæ афæдзы æрдæг бакуыста районы библиотекæйы, фæлæ фæззæджы 1-аг бон Аллæ ногæй æрлæууыд Елхоты 8-азон скъолайы къæсæрыл. Ардæм æрбацыд ног ахуыргæнæг æмæ дзы кусгæйæ баззад 40 азы дæргъы.

— Мæхæдæг ма гыццыл чызг куы уыдтæн, уæд æй бæлвырд зыдтон,   ахуыргæнæг кæй уыдзынæн, уый, — зæгъы Аллæ. — Уымæн æмæ мын уыд диссаджы фыццаг ахуыргæнæг Цоппойты-Татраты Увызыхъойы чызг Дермет. Уымæн йæ фæлмæн хъæлæс, йе 'рттивгæ цæстæнгас алæмæты дунемæ æфтыдтой мах, сабиты. Уарзтон æй мæхи мады хуызæн. Зæгъгæ-иу фæрынчын искуы иу хатт æмæ-иу нæ иннæ къласимæ баиу кодтой, уæд-иу урочы кæронмæ æнхъæлмæ кастæн. Нæхи ахуыргæнæг нын-иу бон дæс урочы куы кодтаит, уæддæр нæ бафæлладаин. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ   ахуыргæнæджы дæсныйад чи равзары, уыдонæн сеппæтæн дæр, гæнæн нæй, уæддæр иу хорз ахуыргæнæг уыд, кæцымæ гæсгæ равзæрстой сæ фидæны цардвæндаг. Иу бон дæр нæ фæфæсмон кодтон мæ равзæрст фæндагыл. Ноджы ахæм коллективы 'хсæнмæ бахаудтæн, æмæ йæ зæгъæн дæр нæй. Хистæрæй-кæстæрæй мæм ахæм уарзæгой цæстæй ракастысты, æмæ мæхи æцæгæлоныл нæ нымадтон. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый разамонæгæй аразгæ у. Мырыкаты Фалимæт, йæ фæстæ та Мырыкаты Лидæ тынг æрбангом кодтой коллектив, алкæцы ахуыргæнæгыл дæр аудыдтой куыд хионыл. Цины кæнæ хъыджы рæстæг дæ фарсмæ æрбалæууыдаиккой, ссардтаиккой хъæугæ ныхæстæ, бауагътаиккой дын дæ зæрдæйы ныфс. Уымæ гæсгæ мæ куысты бынат аивыныл хъуыды дæр никуы акодтон, кæд мæ, мæ хæдзармæ хæстæгдæр чи у, уыцы скъоламæ иу æмæ дыууæ хатты нæ хуыдтой, уæддæр.

Дыууиссæдз азмæ Аллæйæн уыд фараст рауагъды. Уыцы сабитæй сæ фыццаг ахуыргæнæг иуы дæр нæ ферох кодта, алчидæр дзы ныууагъта фæд йæ зæрдæйы. Аллæ куыд зæгъы, уымæ гæсгæ сывæллонæн æппæты фыццаг йе 'гъдау хъуамæ уа йæхимæ, уый фæстæ та йæ ахуыры æнтыстдзинæдтæ. Алкæй бон дæр нæу «цыппар» æмæ «фондз»-тыл ахуыр кæнын. Канд йæ зонындзинæдтæ нæ дæтты ахуыргæнæг сабитæн, фæлæ йæ уды хъарм дæр. Сывæллонæй фыццаг хъуамæ адæймаг рауайын кæна — уый у сæйрагдæр. Уæдæ йæ рауагъдонтæй иунæг дæр æвзæр фæндагыл нæ ацыд, æмæ уый у стыр хорздзинад. Уымæй у фыццаджыдæр сæрыстыр сæ ахуыргæнæг.

Уæдæ куыд сылгоймаг, афтæ Аллæйы къухы алцыдæр бафтыд. Йæ цардæмбалимæ схъомыл кодта æртæ фырыхъулы хуызæн лæппуйы. Скъолайы фæстæ дарддæр ахæццæ кодтой сæ ахуырад, рацыдысты царды рухс фæндагмæ. Хистæр æмæ кæстæр бакодтой бинонты хъуыддаг. Ис сын сæхи кæстæртæ.

— Æз мæ ног бинонты хæдзармæ куы 'рбакъахдзæф кодтон, уæд ам æрбаййæфтон хистæрты. Ме стыр сæрыхицау Бæройты Хъазуат уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг. Уый йæ цардæй нæуæдзæм азты астæу ахицæн. Ме 'фсин Бетойты Оляимæ та фæцардыстæм æртын азæй фылдæр иумæ. Уыцы рæстæг не 'хсæн иу хъæр ныхас дæр никуы рауад, никуы бакастыстæм кæрæдзимæ зулцæстæй. Уæдæ, фарн уæм бадзурæд, чызг нын нæй, фæлæ нæ бинонтæм фарны къах æрбавæрдтой дыууæ кæстæры — Бибылты Викæ æмæ Соситы Зæринæ. Сæ дыууæ дæр сты елхотаг чызджытæ. Стæм сæ тынг разы, лæггад нын кæнынц, куыд сæхи ныййарджытæн, афтæ. Тынг разы сæ стæм. Бузныг зæгъын æмæ кæнын арфæйы ныхæстæ, чи сæ схъомыл кодта, уыдонæн. Ахæм дзæбæх кæстæртæ уæд алкæйы хæдзары дæр.

Цы у сылгоймаджы хæс царды? Бинонты фарн хъахъхъæнын, хистæртæн лæггад кæнын, кæстæртыл аудын. Ацы хæстæ Аллæ се 'ппæт дæр сæххæст кодта, уæддæр ма сыл абон дæр архайы. Æмæ ма йын ноджы фылдæр бантысæд!


 

Дзиуаты Анжелæ.