Сæйрагдæр – хъомыладон куыст
18 февралы уыдис Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы Кировы районы хайады уынаффæдоны уæрæхгонд æмбырд. Уырдæм хуынд æрцыдысты хъæуты сæргълæуджытæ, скъолаты разамонджыты хæдивджытæ хъомыладон куысты æмæ ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ, сывæллæтты рæвдауæндæтты сæргълæуджытæ æмæ фæсивæды минæвæрттæ.«Иры Стыр Ныхас»-ы районы хайады уынаффæдон ивгъуыд аз цы бакуыста, уый тыххæй раныхас кодта йæ сæрдар Къубалты Солтан.
Куыд загъта, афтæмæй сæ куыст аразынц «Иры Стыр Ныхас»-ы координацион уынаффæдоны нысанты бындурыл, районы Администрацийы æмæ иннæ æхсæнадон организацитимæ иумæ. Сæйрагдæр у хъомыладон куыст, стæй æрмæст фæсивæды 'хсæн нæ. Ивгъуыд æнусы нæуæдзæм азты цы фæлтæр рантыст, уый минæвæрттæн сæ фылдæр фæиппæрд сты фыдæлтыккон Æгъдау æмæ Фарнæй, цæмæдæр гæсгæ сæ сæрмæ нал хæссынц мадæлон æвзагыл дзурын, ирон адæмы традицитæ æххæст кæнын.Мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны, фыдæлты æгъдæуттæм раздæхыны тыххæй ивгъуыд аз арæзт æрцыд алыхуызон мадзæлттæ куыд иумæйаг ахуырады скъолаты, афтæ рæвдауæндæтты дæр. Стыр нысаниуæг уыдис районы ирон æвзаджы ахуыргæнджыты æмбырдæн, Змейкæйы станицæйы сылгоймæгтимæ фембæлдæн «Иры Стыр Ныхас»-ы сылгоймæгты комитеты уæнгтимæ, Комсомольскы хъæуы цæрджытæм уазæгуаты æрцæуæг Ирыстоны фысджытæ Агънаты Гæстæн, Дауыраты Дамир æмæ Цгъойты Хазбиимæ. Уæдæ Цæгат Ирыстоны æхсæнадон змæлд «Иудзинад» (йæ сæргъы Мæрзойты Тамерлан) цы конкурс-æркастытæ сарæзта скъолаты хистæркъласонтимæ, «Ирон дæн æз», зæгъгæ, уыдон хистæрты зæрдæты ныфс уадзынц, рæзгæ фæлтæрæй бирæтæ мадæлон æвзагыл, фыдæлты æгъдæуттыл æнувыд кæй сты, уымæй.Æмбырды сæ ивгъуыд азы бакуысты тыххæй раныхас кодтой Хъахъхъæдуры æмæ Ставд-Дурты хъæуты Ныхасты сæрдартæ Белыккаты Эльбрус æмæ Гæгкуыты Алик, Комсомольскы хъæуы Ныхасы уæнг Хохойты Хъазыбег. Районы Ныхасимæ сæ æмгуыстады фæдыл уыд сæ ныхас районы ветеранты уынаффæдоны сæрдар Басаты Светланæ, районы Æхсæнадон палатæйы сæрдар Джыбылаты Тарзан æмæ районы ахуырады Управленийы сæйраг специалист Гаджиты Фатимæйæн.Хъуыддаджы ныхас ра-кодта «Иры Стыр Ныхас»-ы æгъдæутты комитеты сæрдар Моргуаты Эдислав. Уый фæсидт районы æмæ хъæуты Ныхасты уæнгтæм, цæмæй нæ ирон æгъдæуттæ аразæм, цыбыр бæрæгуат «Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ» куыд амоны, афтæ.«Иры Стыр Ныхас»-ы координацион уынаффæдоны сæрдары фыццаг хæдивæг Еналдыты Хъазыбег йæ раныхасы стыр аргъ скодта районы Ныхасы куыстæн. Координацион уынаффæдоны сæрдар Кучиты Русланы æмæ йæхи номæй арфæ ракодта районы разамындæн, æхсæнадон змæлды хайады бирæвæрсыг архайдæн хъæугæ мадзæлттæ кæй аразы, уый тыххæй. Æмбырды архайджыты базонгæ кодта, «Иры Стыр Ныхас»-ы ахадындзинад цас у Иры дзыллæйы царды, уыимæ, кæй йын ис фидар бастдзинæдтæ РЦИ-Ала-нийы Национ ахастдзинæдты фарстыты фæдыл Министрадимæ, Уæрæсейы иннæ регионты æмæ фæсарæнты цæрæг æмзæххонтимæ. Зæгъынæн фаг у, Дзæуджыхъæуы ирон æвзаджы скъола арæзт кæй æрцыд, уый. Уырдæм цæуынц, цæмæдæр гæсгæ мадæлон æвзагæй чи фæиппæрд, уыцы нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ. Уыдис уал дыууæ рауагъды. Разыйæ баззадысты скъоламæ цæуджытæ, Къостайы æвзаг хуыздæр æмбарын кæй райдыдтой, уымæй. Еналдыйы-фырты хъуыдымæ гæсгæ, уый у иттæг хорз мадзал.— Ивгъуыд аз районы æмæ хъæуты Ныхасты уæнгтæ архайдтой æппæт ирон бæрæгбæтты, — загъта йæ раныхасы муниципалон сконд Кировы районы Администрацийы Сæргълæууæджы хæдивæг Куыдзиаты Геннади. — Уымæй дарддæр, цыдæриддæр мадзæлттæ цыдис — спортивон, культурон, конкурстæ, æркастытæ, — уыдæтты. Ахадгæ у сæ хъомыладон куыст рæзгæ фæлтæримæ. Фæлæ цæмæй адæммæ æнгомдæр балæууой, уый тыххæй фæхуыздæр кæнын хъæуы сыхты Ныхасты куыст. Нæ хъæуты цæры æндæр адæмыхæттыты минæвæрттæ дæр, уыдонимæ, стæй алы динтыл хæст уæвджытимæ дæр хъæуы æнгом бастдзинад дарын. Нæ иудзинад афтæмæй фидардæр кæндзæн.Æмбырд рахаста уынаффæ, кæцыйы амынд ис районы æмæ хъæуты Ныхасты куыст фæхуыздæр кæныны мадзæлттæ.
ÆГЪУЫЗАТЫ Алан.
Къам систа СУГЪАРАТЫ Е.